Васил Магълаперидзе – сусæгæй цæстдард  æмæ  хъусын, Европаг фæндаг нæ фæлæ,  «Комсомолы»  фæндаг у
Васил Магълаперидзе – сусæгæй цæстдард æмæ хъусын, Европаг фæндаг нæ фæлæ, «Комсомолы» фæндаг у

Нограйдайгæ Павлик Морозовы змæлды хуызæн  архæйдтытæ,  сусæгæй цæст æмæ  хъусдаргæйæ, тобæтæ, чи кæйимæ хъуамæ  фембæлы  æмæ кæйимæ та  нæ,  тынг æвзæры æрдæм цырын кæны дзыллæйы –  уый тыххæй  Фыццаг Къаналы  генералон  директор  Васил Магълаперидзе, медиайы  ахæлиугонд   фотойы фæдыл абон арызт фидиуæныл комменатарийы рæстæджы  банысан кодта.  «Националон Змæлды»  уæнг Тинатин Бокучава  райхъусын кодта,   цæмæй медийæ  ахæлиугонд къамыл,  кæыйы Васил Магълаперидзе, Каха Бекаури, Мако Бигвава  æмæ Лаша  Нацвлишвили кафейы  сты фиксиргонд, прокуратурæ фæдагуырд хъуамæ райдайа.

Васил Магълаперидзейы  ныхасмæ гæсгæ  ацы темæйы  алыварс  уавæр   комикон дæр нал у зæгъгæ. Темæйыл кæцыйы  кой кæнынц,  мах нæ ныхас кодтам. Фæлæ  зæгъæм  куы  ныхас кодтаиккам  уæд та цы? Фæлæ  æцæгæйдæр ницы сдзырдтам уый фæдыл.

Цыдæриддæр та фотомæ æххæссы,  мæ бон у уый  зæгъын, цæмæй  кæд сæ афтæ  тыхджын фæнды, уæд фæдзурдзынæн ац хæлæрттæм,  архивы  нын бирæ  хуыздæр  къамтæ ис  æмæ  сын сæ ратдзыстæм.  Кæд сæ бон у  къаммæ  кæсгæйæ  ныхасы хъæды  базонын уæд» – расидтис Васил Магъламперидзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ  сусæгæй  цæст æмæ  хъус бадарын   Европаг фæндаг нæу.

«Ай бынтон æндæр цыдæр у  æмæ фылдæр философимæ  хауы.   Ай у  «Комсомолы»  фæндаг,  дзырдхæссынадмæ  цæрдæг куы уыдысты  æмæ уый  тыххæй  та,  мæ бинонтæ  иу рæстæджы  тыхджын стыр зиан бавзæрстой.   Мæ мад  сыдзæрæй  хъомыл кодта  йæ мады хомæ  ратсдæр ахæм   дзырдхæсынады  æмæ  климаты тыххæй.  Ацы  уавæрæй   мæнмæ гæсгæ, Гуырдзыстон тынг стыр зиан  федта.   Исты амæлттæй  хъуамæ  ссæрибар уæм уымæй, уымæн  æмæ   бæрæг куыд у афтæмæй  рынчын стæм» – расидтис Васил Магълаперидзе.