Вано Мерабишвили  æфхæрдæххæстгæнæн  уагдонæй рацыд
Вано Мерабишвили æфхæрдæххæстгæнæн уагдонæй рацыд

Гуырдзыстоны раздæры  премьер-министр  æмæ   мидхъуыддæгты  раздæры министр, Вано Мерабишвили  æфхæрдæххæстгæнæн  уагдонæй  рацыд.  Мерабишвилийæн  йæ  æфхæрды  æмгъуыд  абон  аивгъуыдис.

Æфхæрдæххæстгæнæн уагдоны цур йæ размæ рацыдысты. Бынатыл  сты   политиктæ  дæр.

Гуырдзыстоны  раздæры премьер-министр  æмæ  мидхъуыддæгты  раздæры министр, Вано Мерабишвилийы 2013  азы майы   æрцахстой.  Йæ   ныхмæ  иуæймаг  тæрхондæттæ  цалдæр зылынгæнæг  тæрхонысукуыд рахастой, уый нымæцы  Акурайы   сæны заводы æнæзакъононæй  байсты хъуыддаг – дыууæ аз  æмæ æртæ мæй; Сандро Гиргвлианийы хъуыддагыл бæлвырдгæнæнты  бамбæхсын –  æртæ  азы; 2011  азы  26-æм майы  акцийы  ныссæндын –  цыппар аз æмæ æхсæз мæй; Къвариатийы  ныдæнуаты æмæ æвзæрстгæнджыты балхæды  хъуыддаг –  фондз  аз; Валери Гелашвилийы физикон бафхæрд – æхсæз аз æмæ фараст мæй.

Бафхæрд аныхъуырды  принципæй, Вано Мерабишвилийæн  æппынфæстаг  бафхæрдæй,   æхсæз аз æмæ  фараст  мæйæ  ахст  стæрхон кодтой.

Ныр  Тæрхондоны йæ  ныхмæ  цæуы   7 ноябры акцийы  ныссæндыны æмæ  «Телеимедимæ»  лæбурды  хъуыддæгты каст,  кæцыйыл   йын  бавдыст  у аххосаг   йæ  æххæстбарты  фегæр кæнын.