Украинайы абон æмгъуыдагъоммæ паралментон æвзæрстытæ цæуынц. Æвзæрстыты хайад исынц 22 патийы, кæцыты партион номхыгъдты 2 747 кандидат ис. Иумандатджын мажоритарон бæстæты æдæппæт 3 083 кандидат æппары хал. Уыдонæй æрдæг бархийæ исынц хайад æвзæрстыты.
Развæлгъау прогнозæйфарстæм æрсидты Радамæ бацæудзысты фондз партийæ. Фаворит Украинайы президенты Владимир Зеленскийы партий «Слуга Народу» у, дыккаг бынатыл та, ис Виктор Медведчукы «Оппозицион платформæ царæдн», кæцыйæн æвзæрстгæнджыты 12 процент хæцы йæ фарс. Радамæ афтæдæр бацæудзысты Украинайы раздæры президленты Петро Порошенкойы партий «Европаг Солидарондзинад», Юлия Тимошенкойы «Батькивщина» æмæ рокмузыкант Святослав ВаКаРчукы «Голос».
Æвзæрстыты хайад иста Гуырдзыстоны экс-президент , Одессæйы раздæры губернатор Михеил Саакашвили йæ партиимæ – «Ног тыхты змæлд», фæлæ 19 июлы Саакашвили райхъусын кодта, цæмæй йæ партий 5 процентон барьерыл нæ ахиздзæн зæгъгæ, æмæ уый т ыххæй, фарсхæцджытæм æрсидтис цæмæй схъæлæс кæной Зеленскийы партийæню
Æвзæрстыты сæйраг интрига уый мидæн ис, цæмæй «Адæмы Фæсдзæуин» фылдæр хъæлæстæ хæдбарæй райсдзæн, кæд æмæ коалицийы саразын бахъæудзæн. Радайы æдæппæт ис 424 бынат.
Радайы æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты развæлгъау фæстиуджытæ изæры фæбæрæг уыдзысты. Эгзитполты фæстиуджытæ бæрæг суыдзысты 21 июлы изæр.
Фарастæм æрсидты Радайы фыццаг рабадт 9 сентябры онг хъуамæ сырæза.
Украинайы цæугæ æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстыты, Гуырдзыстоны Фыццаг КЪаналы исæг къорд срухс кæндзæн.