Украинæйы  хицауад  Гуырдзыстонимæ  ID картæтæй  дыууæрдæм змæлды  фæдыл проектæн йæ фарс рахæцыд
Украинæйы хицауад Гуырдзыстонимæ ID картæтæй дыууæрдæм змæлды фæдыл проектæн йæ фарс рахæцыд

Гуырдзыстонимæ  ID картæтæй  дыууæрдæм змæлды  фæдыл бадзырды  проектæн Украинæйы  хицауад  йæ фарс рахæцыд –  информацийы   уый фæдыл  хæлиу кæны  украинаг медиа.

Бадзырдмæ гæсгæ, Украинæйы  æмæ Гуырдзыстоны   æмбæстæгтæн дыууæрдæм  змæлд  сæ бон уыдзæн   мидæгон  биометрикъон  паспорттæй – ID картæтæй.

Уæдмæ  Гуырдзыстон   Украинæйы  минæвар Игорь  Долгов куыд  райхъусын кодта афтæмæй,  æмбæлон  бадзырды бафидар кæнын,  фæрстæ  Нью-Йоркъы, ИНО-йы  генералон  ассамблейы  сессийыл   дыууæ бæстæйы  делегациты  визиты рæстæджы хъавынц.

Ныр  Украинæ æмæ Гуырдзыстоны  æхсæн  æнæвизæ  змæлды  фæдыл  1999  азы   бадзырд   архайы.