Уæвæг информацийæ, МХМ-ы Уæллаг-Сванеты бæстæйон пъæлицæйы хистæр Автандил Галдава æмæ ма ноджы дыууæ уацайрагы ныр сæрибар сты
Уæвæг информацийæ, МХМ-ы Уæллаг-Сванеты бæстæйон пъæлицæйы хистæр Автандил Галдава æмæ ма ноджы дыууæ уацайрагы ныр сæрибар сты.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы информацийæ, Автандил Галдава уыд пъæлицæйы иуæй-иу бæстыхайы. Цы уавæрты ссæрибар ис уый, нырма бæрæг нæу, афтæма нæу бæрæг бырсæг кæм ис уый.
Бакой уын кæндзыстæм, гранатæйæ хæстифтонг бырсæг Зугдиды, «Гуырдзыстоны банкы» бæстыхайæ, æртæ уацайрагимæ иумæ рацыд. Медийы ахæлиугонд кадрты куыд зыны афтæмæй, бырсæг пъæлицæйы хæдтулгæйыл æбæрæг æрдæм ацыд. Иннæ уацайрæгтæ та сæрибар сты.
Фæстæдæр МХМ ахæлиу кодта фидиуæн. Уагдоны информацийæ, ацы этапыл банкы бæстыхайы уæвæг 43 уацайрагы сæрибар сты æмæ уыдоны пъæлицæй æдас территоримæ аласта .