Уæвæг информацийæ, МХМ-ы Уæллаг-Сванеты бæстæйон пъæлицæйы  хистæр Автандил Галдава æмæ ма ноджы дыууæ уацайрагы ныр сæрибар сты
Уæвæг информацийæ, МХМ-ы Уæллаг-Сванеты бæстæйон пъæлицæйы хистæр Автандил Галдава æмæ ма ноджы дыууæ уацайрагы ныр сæрибар сты

Уæвæг информацийæ,  МХМ-ы   Уæллаг-Сванеты бæстæйон  пъæлицæйы  хистæр  Автандил Галдава  æмæ ма  ноджы  дыууæ уацайрагы   ныр  сæрибар сты.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  информацийæ,   Автандил Галдава  уыд пъæлицæйы иуæй-иу  бæстыхайы.  Цы уавæрты  ссæрибар ис  уый, нырма бæрæг нæу,  афтæма  нæу бæрæг бырсæг кæм ис уый.

Бакой уын кæндзыстæм,  гранатæйæ  хæстифтонг  бырсæг  Зугдиды, «Гуырдзыстоны банкы»   бæстыхайæ,  æртæ   уацайрагимæ иумæ  рацыд. Медийы  ахæлиугонд кадрты  куыд   зыны  афтæмæй,    бырсæг пъæлицæйы  хæдтулгæйыл æбæрæг  æрдæм  ацыд.  Иннæ   уацайрæгтæ  та  сæрибар сты.

Фæстæдæр МХМ  ахæлиу кодта фидиуæн.   Уагдоны информацийæ,   ацы этапыл   банкы  бæстыхайы уæвæг  43 уацайрагы  сæрибар сты  æмæ  уыдоны  пъæлицæй  æдас территоримæ  аласта .