Тея Цъулукиани – Гъарибашвили йæ куыстæй  йæхи нæ сисдзæн, нæдæр Гомелаури, ис уын ахæм хицауады кæцы уын ис æмæ фылдæр йæ уæ хъусдарут, цыфæнды фыдзæрдæ йæм хæссат уæддæр
Тея Цъулукиани – Гъарибашвили йæ куыстæй йæхи нæ сисдзæн, нæдæр Гомелаури, ис уын ахæм хицауады кæцы уын ис æмæ фылдæр йæ уæ хъусдарут, цыфæнды фыдзæрдæ йæм хæссат уæддæр

Гъарибашвили йæ куыстæй йæхи не суæгъд кæндзæн, Гомелаури дæр никæдæм ацæудзæн.  Ис уын уыцы хицауад кæцы уын ис  æмæ фылдæр хъусут   хицауадмæ  цы фæнды фыдзæрдæ хæссат уæддæр, уымæн æмæ хицауады сæргълæууæг куы дзуры, цæмæй  ис гæнæн  зындзинæдтæ уа, цæмæй  дыууæ ацы æмвæзы   кæрæдзимæ быцæу  тыхтæ кæрæдзийæ фæхицæн кæна, уымæ исчи йæ хъус хъуамæ æрдара  æмæ  ма  ауæлдай кæнæм  уыцы  лгбт уæнгты, кæцытæй  иуæй-иу  æдзæсгом   тых, сæрмагонд интерестæй  спайда кодта, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны вице-премьер  Тея Цъулукиани райхъусын кодта журналисттæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ уым, цы ран  цæуы  адæймагмæ лæбурд, фæнды журналист  уæд æмæ фæнды  æндæр, фæдагуырд  цырд æмæ эффективонæй хъуамæ ацæуа  æмæ  алы фыдгæнæг хъуамæ æрцæуа ахст.

«Уым цы ран адæймæгтæм лæбурдтытæ  цæуынц, журналист уа  æви æндæр,  фæдагуырд хъуамæ ацæуа   цырд æмæ эффективон, кæй зæгъын æй хъæуы,  алы фыдгæнæг, кæцы лæбурдта  журналисттæм, оператортæм, уым уæвæг кæцыфæнды адæймæгтæм, хъуамæ  уа  ахст.  Федтам  бирæ  ахстытæ, бирæ превентивон мадзæлттæ,  кæй  зæгъын æй хъæуы,  кæд дзы ис  æндæртæ, чидæриддæр ахст нырма нæу, уыдон  хъуамæ  æрцæуой ахст  æмæ фæдагуырд хъуамæ  сывæра   фæстиуæг, уымæн æмæ тыхмидзинадæй ацы бæстæ размæ нæ рацæудзæн», –  райхъусын кодта Тея Цъулукиани.