Сомихыстоны æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ ацæудзысты 9 декабры
Сомихыстоны æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ  ацæудзысты  9 декабры

Сомихыстоны  президент  парламенты суæгъд кодта  æмæ  æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстытæ   снысан кодта 9 декабрьмæ.  Информацийы  хæлиу кæны  президенты  пресс-куыст.

БÆтæйы  закъондæттæг орган  премьер-министры   канидадтурæ, нырид   дыккæгæм  хатт  не сбæлвырд кодта.  КОнституцимæ гæсгæйæ,  ацы  цауы,   парлмаенты  ауадзын  æнæаргъæгæйæ хъуамæ  æрцæуа.

Премьер-министры  пост  Никол Пашинян  сæрмагонд фæндонæй  16 октябры уыцы  хъавдæй ныууагъдта, цæмæй  бæстæйы  æмгъуыдагъоммæ   парламентон æвзæрстытæ  ацыдаиккой.  Уый парти  «Дидинæфтыд Сомихыстонимæ» меморандум дæр бафыста, кæцымæ гæсгæ  дæр, парти  премьер-министртæм сæрмагонд  кандидатурæйы   раразмæ кæныныл нæзагъд ракæндзæн.  Ныр оппозицийы  уæвæг  «Республикаг» партийы  50 мандаты та,  уынаффæ рахæссынæн  æгъгъæд не сты.