Штормы тыххæй, Сау Денджызы донбылыл хинайын  тобæгонд у
Штормы тыххæй, Сау Денджызы донбылыл хинайын тобæгонд у

Мидхъуыддæгты  министрады  уæлвæтк уавæрты фæткдар куыст Сау денджызы  донбыл хаххыл  штормы  фæдыл   цæрджыты фæдзæхсы  æмæ сæм сиды  денджызмæ  ма ныххизынмæ.

Уагдоны фидиуæны  куыд у банысангонд, афтæмæй, зæгъгæ донбылыл фиксир кæны  цыппар баллы тыхы  шторм.

«Ачъарайы уæлдайджын дæлдзырæтты тыххæй,  уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты архайæг ирвæзынгæнджытæ æхсæвбонмæ  сæрмагонд режимæй  куыстой. Æдæппæт фиксир кæны  45  хъусинаг.  Сидтыты фылдæр уыдысты  фыццаг уæладзыгты  сцады тыххæй. Ирвæзынгæнджытæ алы  сидты фæдыл рацыдысты æмæ  бакуыстой.

Батумы цалдæр уынгыл   доны ацæуæн системæ нал  сфæрæзта  доны  фидар къада ауадзын, кæцыйы тыххæй   фæгдæтæ  сцад сты.  Фæнысангонд   ардистæм гæсгæ  информаци Батумы мэрийы æмбæлон куыстмæ ныридæгæн лæвæрд у.

Æвзæр боныхъæды  тыххæй, ацы рæстæгмæ  Сау денджызы донбыл хаххыл фикиср кæны   3-4 баллы шторм,  фæйлауынц  сырх тырысатæ æмæ  тобæгонд у  ленк кæнын.

Мидхъуыддæгты министрады  уæлвæтк уавæрты  фæткдар  куыст сиды   улæфджытæм,  бакоммæкæсæт  ирвæзынгæнджыты  амындтæм  æмæ  бахъахъхъæнæд   æдасдзинады  нормæтæ, ма фæуадзæт чысыл сывæллæтты  æнæхъусдард, ма ныххизæт донмæ  нозтджынæй кæнæ сасирвад уавæр уæвгæйæ, ма  адарддæр уæт доны  уæвæг   нысæнттæй   дарддæр, ирвæзынгæнджытæ  сырх тырысатæ куы  райтауой, уыцы  цауы  ма ныххизæт донмæ», – дзырдæуы  фидиуæны.

Афтæма, уæлвæтк уавæрты  куысты  информацийæ,   ленк кæнын уæгъд уыдзæн, урс  тырысатæ  куы райтаудзысты  уый фæстæ.