Шри Ланкайыл теракттыл бæрн йæхимæ райста «Исламы Паддзахад». Уый тыххæй информацийы агентад «Ройтерс» хъусын кæны. Фæлæ агентады хъусинагæй, террористон къорд зæгъгæ æмбæлон бæлвырдгæнæнтæ нæ бавдыста.
Шри-Ланкайыл 21 апрелы срæмыгъдты фæстиуæгæн 321 адæймаг фæхъуыд, 500-йæ фылдæр та фæцæф сты.