Шри-Ланкайы  хицауад  æмбæстæгтæм æрсидтис  цыргъæгтæ  раттынмæ
Шри-Ланкайы хицауад æмбæстæгтæм æрсидтис цыргъæгтæ раттынмæ

Шри-Ланкайы  хицауад  æмбæстæгтæм æрсидтис  цыргъæгтæ  раттынмæ.  Хицауады  уæнгты дзырдæй, уыдон зæгъгæ курынц  æмбæстæгтæй,  стыр асы   кæрдтæ  æмæ  цирхъытæ  барвæндæй раттын.  Бынæттон полицийы  хъусинагæй,    фæнысангонд  Шри-Ланкайыл  21  апрелы  терактты фæстæ, æдасдзинады   æрфидар кæнынæн, æнæмæнгхъæугæ у.   Барадхъахъæнджытæ  афтæдæр сидынц  æмæстæгтæм,   барвæндæй раттой  сæрмагондæ фсæддон   формæтæ дæр.  Афтæма  полицийы не сконкрет кодтой,   бандавдзæн  æви нæ амнисти  уыцы  уæнгтæм,  кæцытæ  барвæндæй  раттой   хæцæнгарз.

«ВВС»-йы  хъусинагæй,  цыргъæгты  æмæ  æфсæддон дарæсы  раттын дыууæ бон аххæсдзæн. Бæрæг куыд у афтæмæй,   фæдæвзарын  Шри-Ланкайыл  бырстыты  25-30  организаторы  агуры.   Полицимæ ис информаци, цæмæй  фыдгæнджытæ  полицийы кæнæ æфсæддон  формæты  кондæй  хъавынц  теракттæ  сæххæсткæнын.