Шарль Мишель -  Гуырдзыстонмæ визит мын, иууыл цъус мæ цæстытæ байгом кодта
Шарль Мишель - Гуырдзыстонмæ визит мын, иууыл цъус мæ цæстытæ байгом кодта

Гуырдзыстонмæ визит мын, иууыл  цъус  мæ  цæстытæ  байгом кодта, –  уый фæдыл  Европаг Советы президент Шарль Мишель фыссы социалон хызагы.  Шарль Мишелы  фидиуæны  тæлмацы  публикаци кæны  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæварад.

«Гуырдзыстонмæ мæ  визит мын  иууыл цъус мæ цæстытæ  байгом кодта.

Администрацион  арæйнон  хаххы  уæвын Хуссар Ирыстоны   уый бæлвырдгæнæн у, цæмæй  Евроцæдисы уæвын ахæм регионы, хатт æнæмæнгхъæугæйæ  фылдæр дæр у  æмæ цæрынæн  ахсджиаг  у ахæм регионæн.  Телтæй æмбондтæ  дих кæнынц  бинонты æмæ сывæллæттæн скъоламæ  цæуыны фадат нæ дæттынц.  Уый æнæруадзгæ у.

Æз та бæлвырд кæнын  Евроцæдисы  хъæддых  фарсхæцын Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн.

Евроцæдис æмæ, сæ нымæцы,  мæхæдæг дæр,  мæты æфтыд стæм  бæстæйы   цæугæ политикон  кризисæй  æмæ  поляризацийæ. Уымæ нæкæсгæйæ  абон  алы политикон   акторæй   рахатыдтæн  уый фæндон, цæмæй   райдайæт диалог, размæ къахдзæфтæ саразæт  æмæ   ссарæт  амал сырæзт уавæрæй  фервæзынæн.  Фарсытимæ  фембæлды фæстæ  æз сæ  алкæй дæр иугай  фæхуыдтон фембæлдмæ, кæцы  фынгы  алыварс   бадæг  фарсыты æхсæн  спонтанон  æмæ æргом  дебаттæм айрæзтис.  Евроцæдисы приоритет  кæддæриддæр уыд  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  интересты  хъахъхъæнын  æмæ æмбарæм, цæмæй   ацы æрдгæй  нырма бирæ  кусын  бахъæудзæн. Абон сæрыстыр  дæр, уымæн æмæ раст  æрдæм  тынг ахсджиаг   къахдзæфт сарызтам.

Ахицæн кодтон, Гуырдзыстон-Евроцæдисы  ассоциацидзинады совет  Брюсселы  марты  астæу бонты  ауадзон.  Уый уыдзæн фембæлд, кæцйыл  афæлгæсдзыстæм  уыцы  прогресс,  кæцымæ дæр бæстæйы  æндæр æмæ æндæр  вазыгджын  фарстæты аскуыддзагы æрдгæй  æрцæудзысты.

Стыр бузныг  дын Гуырдзыстон, ахæм хъарм  фысымдзинады тыххæй», – фыссы   Европаг Советы  президент  Шарль Мишель «Фейсбукы».

My visit to #Georgia was eye opening, to say the least.
The Administrative Boundary Line in South #Ossetia was a proof…

Posted by Charles MICHEL on ორშაბათი, 01 მარტი, 2021