Самоа æмæ Ног Зеландийы нырид Ног Аз бæрæгбон кæнынц [видео]

Самоа æмæ Ног Зеландийы  нырид Ног Аз  бæрæгбон кæнынц.  2019 азы æрлæуд  Ног Зеландийы сахар Окленды, грандиозон  фейерверкæй  банысан кодтой.  Шоу  5 минутæй фылдæр рæстæг цыдис.

Масштабон    шоумæ цæттæдзинад райдыдта  6 мæй  рагагъоммæ.  Ног Зеландийы  сахар  Окленды  арвысхъауæг æмæ  хидыл  500 килограммы  онг пиротехникæ  смонтаж кодтой.

Иууыл тагъд  Ног аз Æрлæудзæн  Японийы дæр. Фейерверкты шоу   плангонд у  Гонгконг  æмæ   Тайваны дæр.