Саломэ Зурабишвили – тыхмидзинад нæрайсгæ у, фауын  абон айтынггонд фæзындтæ, тыхмидзинады цыфæнды хуыз æмæ формæйæ равдыст
Саломэ Зурабишвили – тыхмидзинад нæрайсгæ у, фауын абон айтынггонд фæзындтæ, тыхмидзинады цыфæнды хуыз æмæ формæйæ равдыст

Тыхмидзинад нæрайсгæ у, фауын абон айтынггонд фæзындты æмæ тыхмидзинады кæцыфæнды  хуыз æмæ формæйæ   равдисын, адæймæгты сурын  хъауджыдæргонд хъуыдыйы, кæнæ гендерон идентондзинады тыххæй, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы фидиуæны мидæг дзырдæуы.

Зурабишвилийы дзырдæй,  зæгъгæ алкæмæ ис бар, сæрибарæй равдисæт сæ хъуыды.

Уыйимæ иумæ, Саломэ Зурабишвили  сиды алкæмæ, архайæт  конституцийы фæлгæтты æмæ  радикалон   архæйдтытæй  ма цырын кæнæт тыхмидзинад.

«Тыхмидзинад нæрайсгæ у, фауын абон айтынггонд фæзындты æмæ тыхмидзинады кæцыфæнды  хуыз æмæ формæйæ   равдисын, адæймæгты сурын  хъауджыдæргонд хъуыдыйы, кæнæ гендерон идентондзинады тыххæй. алкæмæ ис бар, сæрибарæй равдисæт сæ хъуыды!

Сидын алкæмæ хиуромындзинадмæ, архайæт алчи конституцийы фæлгæтты æмæ  радикалон митæй  ма цырын кæнæт  тыхмидзинад», – дзырдæуы фидиуæны.

Уымæй уæлдай ма Саломэ Зурабишвили  банысан кодта, цæмæй  зæгъгæ нæрайсгæ у  медиафæрæзты минæвæртты ныхмæ тыхмидзинад æмæ профессион  куысты  бахъыгдарыны факттæ, афтæма Æхсæнадон органищациты офистæм бырстытæ.

«Сидын уæм алкæмæ хиуылхæцынхъомдзинадмæ, æмбæлгæ оргæнтæм та, æхсæнадон сæрфад  хъахъхъæды ифтонг кæнын æмæ   кæцыфæнды тыхми кæрон скæнынмæ! Нæрайсгæ у цыфæнды хуызы  удцырын кæнын,  кæцы ахъаз у  радикалон архæйдтытæн, æхсæнады поляризацийæн, цырын кæны  быцæудзинад, знаггад кæны бæстæйын, тас хæссы  паддзахады стабилондзинадæн!», – дзырдæуы фидиуæны.