Саломэ Зурабишвили – Паддзахадон тырысайы символы æмбырд сты нæ ивгъуыд æмæ нæ фидæны тых

Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  Гуырдзыстоны  цæрджытæн  паддзахадон тырысайы  бон, Орбелианиты  галуанæй  раарфæ кодта, цы ран ацыд  тырыса уæлæмæ сисыны  церемони.

«Арфæ уын кæнын Гуырдзыстоны  падзахадон тырысайы бон.

Фæнды мæ  ацы бон раарфæ кæнын  фæсивæдæн, сывæллæттæн, алкæмæн, чидæриддæр нырид 30 аз у, нæ бæстæйы падздахадон тырысайы бын цæры; чидæриддæр  нæ хъуыды кæны  уыцы афон,  ацы бæстæйы   æндæр  бæстæйы  тырыса куы фæйлаутта уый  – ай у  стыр цин.  Гуырдзыстоны  паддзахадон тырыса  нæ  хæдбарады æмæ сæрибардзинады символ у. Ацы бон мæ фæнды раарфæ кæнын не фсадæн, кæцы растдæр ацы тырысайы  бын  хъахъхъæны  нæ территори, нæ сæрибардзинад, хæдбарад  æмæ фæсарæнты æхсæнадæмон  мисситы сæрыстырæй  хæссы  ацы тырыса.

Фæнды мæ  ацы бон раарфæ кæнын  бæстæйы  æддæйæ  цæрæг   эмигранттæн æмæ минæварадтæн.  Фæнды мæ раарфæ уын кæнон сымахæн, пъæлицæйæгтæ, ирвæзынгæнджытæ, зынгхуыссынгæнджытæ, дохтыртæ, медперсонал  сымахæн, æмæ алы уыцы  адæймагæн, алы уыцы профессионалоæн, чидæриддæр абон   нæ  æхсæнады сæрыл хæцы. Ай æцæгæйдæр стыр   сгуыхтдзинад у  ацы  бæстæйæн æмæ  ацы тырыса дæр уый  символ у.

Фæнды мæ ракурон уæ  кад кæнат ацы тырысайæн, уымæн æмæ  тырысайæн кад у   нæхи сæрæн, нæ бæстæйæн, нæ культурæ æмæ  традицитæн кад.  Ацы иу символы  æмбырдгонд у нæ ивгъуыд  æмæ  нæ фидæны  тых.  Уый тыххæй дæр ацы бон у иттæг нысаниуæгджын бон.

Фæнды мæ  раарфæ уын кæнон  нæ бæстæйы паддзахадон  тырысайы бон, афтæдæр мæ фæнды  раарфæ уын кæнон  зæрондæй ног азы бæрæгбон» –  банысан кодта Гуырдзыстоны президент.