Саломэ Зурабишвили - Нæ  партнерты  ныфс нæм ис, уыдон  æхсæны лæгты роль, кæнæ та Гуырдзыстоны  адвокаттæ хъуамæ уой
Саломэ Зурабишвили - Нæ партнерты ныфс нæм ис, уыдон æхсæны лæгты роль, кæнæ та Гуырдзыстоны адвокаттæ хъуамæ уой

Нæ  партнерты  ныфс нæ ис,  уыдон æхсæны лæгы роль куы  бакæной, Гуырдзыстоны адвокаттæ хъуамæ уой,  бамбарын кæной   Уæрæсейæн, цæмæй  йæ  сыхæгтимæ  йын хъуамæ  уа кæрæдзийæн  цытыл  бындурæвæрд ахастытæ – уый фæдыл   Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили, Дойче Веле»-имæ  интервьюйы  Гуырдзыстон-Уæрæсейы  ахастытыл   ныхасы рæстæджы райхъусын кодта.

Гуырдзыстоны президент  Уæрæсеимæ дипломативон  ахастыты   нæуæвыны фоныл, паддзахадты ролы æрдæм раздæхта  хъусдард.

«Раздæр куыд банысан кодтон  афтæмæй,   махæн нæй  дипломативон  ахастытæ   уæдæй  фæстæмæ,  Уæрæсе  нæ  территориты оккупаци куы скодта, уый тыххæй  нæ партнерты  ныфс ис.   Уыдон  æхсæны лæгты роль, кæнæ та Гуырдзыстоны  адвокаттæ хъуамæ уой,  цæмæй бамбарын кæной Уæрæсейæн уый  æмæ  йын  сыхæгтимæ, кæрæдзийæн цыты принциптыл, æмæ  æхсæнадæмон барадæн цытыл бындурæвæрд ахастытæ кæй хъуамæ  уа   уый.Æрмæст афтæ ис гæнæн регионы   стабилондзинад  фæтыхджындæр кæнын.

Гуырдзыстон сæрмагондæй  стабилон бæстæ у  тынг æнæстабилон регионы.  Ацы  регионы  æнæстабилондзинады бирæ  артдзæст ис.  Æнæкæсгæ алцæмæ, мах бахъом стæм стабилондзинад химæ æруадзын æмæ не стыр сыхæгтæ фылдæр цыт хъуамæ  кæной  уый æрдæм.  Ацы сигнал  нæ Европæйаг   партнертæ  хъуамæ  ахæццæ  кæной   Уæрæсейы онг, йемæ   регионон фарстатæ  куы  кæсынц  уæд» – райхъусын кодта  Зурабишвили.