Саломэ Зурабишвили  - Гуырдзыстон францаг адæмы  фарсмæ лæууы
Саломэ Зурабишвили - Гуырдзыстон францаг адæмы фарсмæ лæууы

Паризы Мады Майрæмы  аргъуаны  зынгсирвæзты  тыххæй Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвили  социалон хызаг «Твиттеры»  фыссы.

«Лæмбынæг кæсын  ацы  æбуалгъ  зынгсирвæзтмæ  Паризы  Мады Майрæмы  аргъуаны.  Гуырдзыстон францаг адæмы  фарсмæ лæууы» –  фыссы Саломэ Зурабишвили.

Паризы Мады Майрæмы  аргъуаны  масштабон зынгирвæзт фæзынд. Фæстаг информацийæ,   аргъуаны хъæдæй  уæлхæдзар, æнæхъæнæй  басыгъд.