Саломэ Зурабишвили – Евроцæдисы хæсыл нæзагъд, цæрджыты фылдæр хайæн æмæ мæнæндæр тынг зынæмбарæн къахдзæф у
Саломэ Зурабишвили – Евроцæдисы хæсыл нæзагъд, цæрджыты фылдæр хайæн æмæ мæнæндæр тынг зынæмбарæн къахдзæф у

Гуырдзыстоны преиздент  Евроцæдисæй хæсыл нæзагъды фæдыл  уынаффæ зынæмбарæнæй  схуыдта.  Уый фæдыл  абон Саломэ Зурабишвили  цъус рæстæг размæ  Орбелианиты галуаны   брифингыл   райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ   зынæмбарæн у, цæй æфсонæй ссис  абон   сæрмагонд æмбæстæгты кризисон уавæрæй  приоритетондæр  æттагон хæс фæкъаддæр кæнын.

«Цыфæнды  уæд нæ экономикон рæзт, уæддæр нæу уыцы социалон æмæ адæймагон  зианы  анулиркæнын хъом, кæцыйы æрхаста  ковид нæ бæстæйы цæрджытæн æмæ   цæй  фæкаддæр кæнын  дæр уыд йæ нысан, фæнысангонд 75 милуан  евройы бæрц, кæнæ та 300  милуан ларийы бæрц хæсæн.  Зынæмбарæн  у  цæй аххосæй  у абон афтæ æмæ    сæрмагонд æмбæстæгты  кризисон уавæрæй приоритетон дæр ссис  æттагон хæс фæкаддæр кæнын.  Уæдмæ цалынмæ экономикон  рæзты бæрæггæнæнтæ цæрджытæ сæ æрвылбойнон царды нæ рахатдзысты, уæдмæ  æххуысыл нæзагъд ракæныны логикæ  зынæмбарæн у.  Парадоксалонæй  мæм кæсы, иуырдгæй  европаг хæсыл æмæ иннæрдгæй, æндæр мæ æндæр проекттыл, сæ нымæцы  Рикоты магистралы арæзтадыл   апеляцитæ куы кæнынц,  уый фылдæр хайæ Европæйæ  æрцæгæ хæстæй  куы æххæстæуы уæд. Зын бамбарæн  у ацы къахдзæфы  экономикон фæстиуджытæ, ацы хæс  райст – нæрайсынæй»- загъта Саломэ Зурабишвили.