Процедурон фарстæты комитет Ника Мелиайæн  депутаты æххæстбарты фæурæды фарстайыл абон тæрхон кæндзæн
Процедурон фарстæты комитет Ника Мелиайæн депутаты æххæстбарты фæурæды фарстайыл абон тæрхон кæндзæн

«Националон Змæлды» сæрдар Никанор Мелиайæн  парламенты уæнгы  æххæстбартæ  æмгъуыдагъоммæ  аскуыды  фасрта,  процедурон  фарстæты æмæ  уагæвæрдты  комитет  абон æркæсдзæн.

Ника Мелиа  парламентон мандат суæгъд кæныны  куырдиатæй парламентмæ 29 июлы  баздæхт.

Ника Мелиа куыд  банысан кодта афтæмæй,    зæгъгæ иу кæны  октябры  референдумы  тохмæ æмæ  уадзы  парламент.

«Референдумы уæлахиздзинады фæстæ та  ацы парламент  ныппырх уыдзæн  æмæ уыдзæн   гуырдзиаг адæмы æвзæрст ног   легитимон парламент. Æз, Ника Мелиа,  уадзын парламент,  парламентон мандат, фæлæ мæ принципон   куырдиатæй, балы мидæг   ныхмæ позицимæ нæкæсгæйæ,   техниконæй æмæ формалонæй  нæ хæлæрттæ ацы этапыл  парламенты баззайдзысты», – райхъусын кодта Ника Мелиа.