Политсоветы рабадты фæстæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» офисы, фылдæрты рабадт цæуы

Политсоветы  рабадты  фæстæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» централон  офисы  парламентон фылдæрты  рабадт  цæуы. Фембæлдæн къухдариуæг кæны  партийы  сæрдар  Бидзина Иванишвили.

Фембæлдыл  фылдæры  хайы уæнгтæ, бæстæйы  цæугæ  фарстатыл  уынаффæ кæнынц.

Рабадты  фæстæ  партий «Гуырдзиаг Бæллиццы»   офисы, æнхъæлцау  сырæздзæн  брифинг.

Фылдæрты  рабадты  размæ   партийы  офисы,   политсоветы   рабадт  ацыд.  Партийы  пресскуысты   ахæлиугонд  фидео-æрмæгмæ гæсгæйæ,   политсоветы рабадтыл уыдысты  партийы   сæрдар Бидзина Иванишвили, премьер-министр Мамука Бахтадзе,  партийы  генералон нымæрдар  Каха Каладзе  æмæ æххæстгæнæг   нымæрдар  Ираклий Къобахидзе.