Паризы  прокуррор – Паризы  Мады Майрæмы  аргъуаны  зынг барæй  нæ бафтыдтой
Паризы прокуррор – Паризы Мады Майрæмы аргъуаны зынг барæй нæ бафтыдтой

Паризы  Мады Майрæмы  аргъуаны  зынг барæй  æфтыд нæу –  ацы фидиуæн   Паризы прокуррор  Реми Эитз  сарызта.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  сæйраг  версийæ  фæдæвзарæн  æнамонд цауы  æнхъæлы.

Паризы прокуррор   аргъуаны цур  абон йæхæдæг бацыд  æмæ  фæдæвзарæн  мадзæлттæм  бадартта  йæ цæст. ЙÆ ныхæстæм гæсгæ,  цауы бынатыл    прокуратурæйы   50 кусæг   архайынц  кæцытæ  ацы  хъуыддаг  равзардзысты.

Эитзы ныхæстæм гæсгæ, ныр фæдагурджытæ  фæрсынц  уыцы  кусджыты, чидæриддæр  Паризы  Мады Майрæмы  аргъуаны  реставрацион   куыстыты  истой  хайад.

Зынгирвæзты фæстиуæгæн аргъуаны хъæдæй уæлхæдзар æнæхъæнæй басыгъд, фæлæ  зынгвæдисонтæ  Паризы  Мады  Майрæмы аргъуаны  структурæйы бынтон скуынæгæй  аирвæзын  бахъом  сты.   Уыйимæ иумæ, аирвæзын кодтой   сæйраг реликвитæ –   Царддæттæгы  сындзæй венец æиæ  Сыгъдæг Луйы   туникæ.