Панкисы Комы цæрджыты æмæ спецнысаниуæгы балы æхсæн радон быцæудзинад сырæзт [видео]
Панкисы Комы бынæттон цæрджыты æмæ спецнысаниуæгы балы æхсæн ноджы иу быцæудзинад сырæзт.
Акцийы хайадисджытæ спецназы балыл дуртæ æхсынц æрымбырдæуджыты ныхмæ спецназх та уадзы цæссыгуадзæн газ.
Панкисы комы ГЭС арæзтадыл кусæг тракторы куыст фæкуылымпы кæнын бацархайдта бынæттон цæрджыты хай, кæцыйы фадат сын барадхъахъхæнджытæ нæ раттой. Акцийы хайадисджытæ специалон нысаниуæгы балыл дуртæ æхсын райдыдтой. Спецназ æрымбырдуæвджыты ныхмæ цæссыгуадзæн газ ауагъдта. Бынæттонтæ дзурынц, цæмæй зæгъгæ полици сæ ныхмæ резинæйæ нæмгуытæй спайда кодта.
Панкисы Комы чысыл ГЭС-ы «Хадори-3»-ы арæзтад план кæнынц компанитæ «Алазани Энерджи» æмæ «Пери». Фæнысангонд компанитæ абон ахæлиу кодтой фидиуæн, кæцыйы мидæг банысангонд у, цæмæй гидроэлектростанцæ, кæцыйы хъомад 5,4 мгвт-4, Ахметайы мыниципалитеты, цæугæдон Алазанийыл сырæздзæн.