ПÆК – фæбæрæг  ис теракты  организацидзинады фæрцы, Сосо Гогашвилийы æмæ йæ бинонты уæнгты марындзинады тыххæй Малхаз Мачаликашвилийы  хъавд
ПÆК – фæбæрæг ис теракты организацидзинады фæрцы, Сосо Гогашвилийы æмæ йæ бинонты уæнгты марындзинады тыххæй Малхаз Мачаликашвилийы хъавд

Фæбæрæг ис  Малхаз Мачаликашвилийы  фæнд, террористон акты  организацидзинады фæндагæй,   цалдæр уæнгы  амарыны  фæдыл –  уый тыххæй, Паддзахадон Æдасдзинады Куысты абон уагъд брифингыл  ссис бæрæг.

ПÆК-ы фидиуæны æнæивгæйæ  æнхъарæм:

«Паддзахадон æдасдзинады куыст, цæрджыты  террористон тасæй  бахизыны   нысанæй уагъд  амæлтты фæлгæтты,   рабæрæг кодта Малхаз Мачаликашвилийы  фæнд, терористон  акты  организацидзинады  фæндагæй, цалдæр уæнгы  амарыны  тыххæй.

Фæнды нæ  дзыллæйæн фехъусын кæнын, цæмæй  фæнысангонд  уæззау  фыдракæнд  превенци скодта  паддзахадон æдасдзинад куыст.

ХЪусын уын кæнæм, цæмæй  куысты иуæй-иу  сæйраг функци у    куысты   фæдæвзарæн мадзылтты  дæлбар  фыдракæндты  рабæрæг кæныны,  цæхгæр кæрон скæныны  æмæ  фæдæвзарæнæй уæлдай,  ацы  фыдракæндтæй  хиабахизынæн  превентивон  мадлзæлтты сæххæст кæнын .

Паддзахадон æдасдзинады  куысты  контр-террористон   департаменты  ныр   æрфарстыл уæвы  Малхаз Мачаликашвилийы  æфсымæры лæппу, Морис Мачаликашвили, кæцы  Малхаз Мачаликашвилийы   планмæ гæсгæйæ,   баст хъуамæ  уыдаит  фæнысангонд террористон   акты сæххæсты хъуыддаджы.

ФÆдæвзарæн  амæлтæ  уагъд цæуынц  уыцы  тугтæрхоны  барады хъуыддагыл, кæцы  паддзахадон æдасдзинады  куысты  контртерроистон   центры, 2018  азы  фыццаг  июны   райдыдта æмæ  ныры онг  дарддæр кæны  террористон акты  æрцæттйы  æмæ  террористон нысанæй  æхсæнгарзы  кæнæ  рæмудзæн   гарзæгты   æнæзакъононæй   балхæд-бавæрыны  фактытыл, фыдракæнд, кæцы  нымадмæ ист у Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады  кодексы  18,323-æм æмæ  3231 статитæй.   

ДЗыллæйæн бакой кæндзыстæм,  цæмæй   хъуыддагыл  фæдæвзарæн райдайыны  бындлурæй ссис  сахар Тбилисы   парламенты бæстыхайы раз цæугæ  протестон акцийыл, 2018  азы  31  майы, Малхаз Мачаликашвилийы  æхсæнады  раз    æртъхъирæнтæ хæссæг   фидиуæн,  кæцымæ гæсгæ дæо,  уый  æмæ йемæ уæвæг   уæнгтæ,   кæцытæ  Малхаз Мачаликашвилийы ныхæстæм гæсгæ,   расомы  кодтой,  ома цæттæ уыдысты  фæмидæг уыдаиккой  Гуырдзыстоны  Паддзахадон æдасдзинады куысты  бæстыхаймæ æмæ сæхи спырх кодтаиккой.

ФÆдæвзарæны фæлгæтты,  информацийы   сбæрæг кæныны  æмæ  бæлвырдгæнæнтæ райсты   нысанæй,   æмбæлон   тæрхонон барамынды   бындурыл  сыххæст сусæг    фæдæвзарæн   мадзæлттæ, сæ нымæцы:  телефонон коммуникацийы  сусæг   байхъуыст  æмæ  ныффыст,  сусæг видео-аудио ныффыст  æмæ  фото-айст.

Парламенты бæстыхайы  алфæмбыла  территорийыл   уагъд  сусæг фæдæвзарæн  архæйдтты  фæстиуæгæн райсгæ   бæлвырдгæнæнтæй  бæрæг ссис, цæмæй  Малхаз Мачаликашвили,  хъавыд   террористон  акт  сæххæст кæнын.

Фыдгæнæг  хъавдмæ гæсгæйæ,  террористон  акт сæххæст кæнын   план кодта Дедоплисцъхъаройы  районы  Земо Мачхаанийы  хъæуы, паддзахадон æдасдзинады  куысты  хистæры раздæры хæдивæгы, Иосеб  Гогашвилийы фыды  уæлмæрдыл,  Иосеб Гогашвилийы æмæ йемæ  уæвæг  уæнгты бацыды  рæстæджы,  кæцыйы  фæстиуæгæн  сыххæст уыдаит  фæнысангонд уæнгты æмæ æндæр æмбæстæгты  царды фæныхылд.

Паддзахадон æдасдзинады   куыстæн бæрæг куы  ыссис   Малхаз Мачаликашвилийы  фыдгæнæгон хъавды  тыххæй,   ацы  фыдракæндæй хи бахизыны нысанæй,  хъуыддаджы гæнæн фигуранттыл,   къуындæг оперативон цæстдарынады  параллелонæй,    уагъд æрцыд   превентивон   равгы  æндæр   мадзæлттæ  дæр,   сæ нымæцы   æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр сты   Иосеб Гогашвилийы  æмæ йæ  бинонты уæнгты æрдæм.

Фæдагуырды ацы этапыл райсгæ  бæлвырдгæнæнтæй, æнæфæсайгæйæ  бæлвырд кæны, цæмйæ  2019 азы  23 марты, йехæдæг Малхаз Мачаликашвили  ратта  амынд  Морис  Мачаликашвилийæн, цæмæй  ацы  фæстаг   алы  куыстæй  йæхи   аиуырдæм кодтаит  æмæ   бакуыстаит æрмæстдæр  иу  гоймагыл –  Иосеб Гогашвилийыл.  Морис Мачаликашвили хъуамæ  сбæлвырд кодтаит Иосеб Гогашвилийы  цæрæн хæдзары адрис,  йæ  змæлды маршруттæ æмæ афтæдæр   абалц кодтаит   земо Мачхаанийы  хæъуы  уæлмæрдмæ,  цæмæй  базыдтаит  Иосеб Гогашвилийы   фыды  ингæн  кæм ис уый  æмæ  айстаит  къамтæ, æрмæст райсгæ  информацийы   бындурыл, малхаз Мачаликашвили  сплан кодтаит  æндæр архæйдтæ.

Афтæма  абон,   Паддзахадон Æдасдзинады  Куысты   æрфарстмæ,    уыцы нысанæй  фæсидтысты  Малхаз Мачаликашвилимæ  æмæ æнæкæсгæ  уымæ цæмæй   мах нæ зæрдыл бадарттам  йæ  адвокаты æркуырд,   æрфарст   4  майы  бæсты,  7 майы  ацыдаит, Малхаз Мачаликашвили, фæдæвзарæг  уагдонмæ рбацæуыныл нæзагъд ракодта.  Уымæ æмбæлгæйæ,  йе рдæм сыххæст уыдзæн  процессон   закъондæттынадæй   ахæм цаутæн  бакуыст   мадзæлттæ» – хъусын кæнынц  ПÆК-ы.

Уагдоны хъусинагæй,    хъуыддагыл фæдæвзарæн дарддæр кæны.  ПÆК-ы  информацийæ,   уагдоны фидæны дæр адарддæр кæндзæн   дзыллæйæн информаци дæттын,  хъуыддаджы  цыды фæдыл.

Паддзахадон æдасдзинады   куыст æмбæлон   аудио-ныффыст   парахат кæны.