Оппозицион партитæ   Гиорги Гахариайы куыстуагъд æмæ   æмгъуыдагъоммæ пропорцион парламентон æвзæрстытæ саразын домынц
Оппозицион партитæ Гиорги Гахариайы куыстуагъд æмæ æмгъуыдагъоммæ пропорцион парламентон æвзæрстытæ саразын домынц

«Лейбористон Партийы»  æрымбырдуæвæг  оппозицион  иудзинæдтæ   Гуырдзыстоны   премьер-министр Гиорги Гахариайы  куыстуæгъд æмæ   æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстытæ ауадзын  домынц.

Фембæлды фæстæ  «Ног Гуырдзыстоны»  лидер Гиорги Вашадзе  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   иумæйаг æркуырд у,  цææмй  æмгъуыдагхоммæ   æвзæрстытæ  пропорцион   æгъдауæй  рæстæгмæ хицауады уавæрты  ацæуа.

Гиорги Вашадзе  райхъусын кодта, цæмæй   фæнысангонд æркуырдты сæххæст кæнынмæ  æрцæуын  хъавынц растдæр   протестон акциты ф æрцы.

«Æмгъуыдагъоммæ  пропорцион æвзæрстытæм ис  конкретон  процедурæтæ,   æмæ  нын уый фæдыл дæр уыд ныхас. Бидзина Иванишвили   æнæ æрмæст  кæронмæ   рафтыдта  йæхи, фæлæ ма нын  нæ  сæртыл ныппыскъуыл кодта конституци æмæ нæ  æхсæрфарсы  цæф  фæкодта.  Алкæцы æмбæстагмæ  сидæм, рацæут,   ныр райдаы   æнæаскъуынгæ   протестон процесс,  кæцы   уæлахиздзинадмæ  хъуамæ  бакæна Гуырдзыстон.  Нæ  намыс  хъуамæ  сæндидзын кæнæм»- банысан кодта  Гиорги Вашадзе.