Оккупацигонд Абхазы а.х. президентон æвзæрстытыл, дыккаг тур сырæздзæн
Уæрæсейы оккупацигонд Гуырдзыстоны регионы, Абхазы уагъд а.х. президентон æвзæрстыты, ацы афонмæ уæвæг информацийæ, хъæлæсты хъæугæ нымæц иунæг кандидат дæр нæ райста.
Президенттæм, тох кодтой фараст кандидаты æмæ сæ нымæцы архайæг а.х. президент Рауль Хаджимба.
Бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, Рауль Хаджимба райста хъæлæсты 26,6%, Алхас Къвициниа – 24,6%, æрмæст а.х. фæсарæн хъуыддæгты министры раздæры хæдивæг Олег Аршба – 24,9%.
Уæрæсейы оккупацигонд Гуырдзыстоны регионы, Абхазы уагъд а.х. президентон æвзæрстыты фæстиуджытæм гæсгæйæ, дыккаг тур сырæздзæн, кæцыйы, кæрæдзиимæ стох кæндзысты нырыккон а.х. лидер Рауль Хаджимба æмæ оппозиционер Алхас Къвициниа. Дыккаг туры фæлдыдзог дыууæ къуырийы мидæг хъуамæ ауадзой. Хъæлæсты бахыгъды фæстиуæгæн райст бæрæггæнæнтæ, æнхъæлцау дыууæ сахатмæ фæбæрæг уыдзысты.
Уæрæсейы оккупацигонд регионы арызт уыдысты «35 æвзæрстгæнæн зылд æмæ 152 фадыгы». А.х. президентон æвзæрстытæ оккупацигонд Абхазы, 21 июлы хъуамæ ацыдаит, фæлæ майы, «оппозицион кандидаты» Аслан Бжаниайы æнæниздзинады фæфыддæры тыххæй, «оппозици» а.х. æвзæрстыты æмгъуыд ахæцын æркуырдта.
Бжаниайы фарсхæцджытæ бæлвырд кæнынц, цæмæй сæ кандидаты зæгъгæ фæмаргджын кодтой. Адон сты радæй æвдæм а.х. æвзæрстытæ, кæцытæ Уæрæсейы оккупацигонд территорийыл цæуынц.