Николоз Чхетиани – фонд «Карту» кредитты нулы онг æркæнынмæ цæттæ у, æнхъæлмæ кæсæм  номхыгъдтæм
Николоз Чхетиани – фонд «Карту» кредитты нулы онг æркæнынмæ цæттæ у, æнхъæлмæ кæсæм номхыгъдтæм

Веб-фарс, кæцыйыл  æмбæстæгтæн,  кредитты  ныххатыры фæдыл   информацийы  райсын  уыдзæн сæ  бон,   техниконæй  цæттæ у, фæлæ  ацы  этапыл  бæрæг кæнынц  номхыгъдтæ – уый фæдыл  Фыццаг КЪаналæн фонд «Картуйы»  гамгеобайы  сæрдар  Николоз Чхетиани   фехъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ зæгъгæ  ай  у прецедент кæмæн нæй  ахæм   акци, кæцыйы  хайад исынц  сæдæгай мин æмбæстаг æмæ хъæуы бенефициарты  бæрæггæнæнты  сбæлвырд кæнын.

Чхетианийы  фидиуæнæй,  хæсты  ныххатыры   программæйы  алы ставд  кредитон  организаци исы  хайад, сæ нымæцы «Вивус».  Чхетиани банысан кодта, цæмæй  æндæр  æмæ æндæр  фарстамæ гæсгæ,   консультацитæ  финансон   организацитимæ  ацы  афонмæ  дарддæр кæнынц.

Фонд «Картуйы»  гамгеобайы  сæрдар  нæ  конкрет кæны  бæлвырд датæ цæмæй   кæд райдайдзæн кредитты ныххатыры  процесс, фæлæ нæ цух кæны уый дæр æмæ   15-æм ддекабры онг райдайа.

Гуырдзыстоны 60 минæй фылдæр  æмбæстагæн  банкъыты, онлайн кредитты организациты æмæ  æндæр  финансон  институтты уæлдайджын хæстæ ныххатыр кæндзысты.  Финансон  институтты æрдæм æмбæстæгты  хæсты  хардзгондыл банымады  инициативæ  фонд «Карту»-йы  æххуысæй   сæххæст уыдзæн.