Ника Мелиа - Никуы ахъуыды кодтаин,  цæмиæй  гæнæн уыд  мæ цæрæн бонты  афтæ  сæрыстыр  æмæ хъалæй  рахатыдаин мæхи
Ника Мелиа - Никуы ахъуыды кодтаин, цæмиæй гæнæн уыд мæ цæрæн бонты афтæ сæрыстыр æмæ хъалæй рахатыдаин мæхи

Зонын цæмæй  бацæудзынæн  Иванишвилийы  ахæстонмæ  æмæ  бæлвырдæй  мæ бон зæгъын у,  рацæудзынæн   сæрибар Гуырдзыстонмæ –  уый фæдыл,  депутат Ника Мелиа, парламенты   пленарон   рабадты   фæуды фæстæ   журналисттæн   загъта, цы  ран  парламент   сразы ис,  прокуратурæ  куырдиат бавдиса тæрхондонмæ Ника Мелиайы  æрцахсыны тыххæй.

Ника Мелиайы дзырдæй,  депутаттæ  зæгъгæ,  кæцытæ  халæппæрсты рæстæджы сразы  сты,  амынæты  уæвынц  æмæ сæ  фервæзын кæнын  хъæуы.

«ДЗырдæй ралæууын нæ хъавыдтæн,  иу ныхас  зæгъын дæр,   фæлæ  тыхыбын  бадæн.  Мæнмæ гæсæйæ,  мæ цыбыр  ныхасы  загътон уый,   цыдæриддæр мæ  зæрдыл лæууыд  æмæ  цы уавæр ис  уый.   Ныр мæ бауырныдта, цæмæй  ацы  адæмимæ, ацы  91 адæймагитмæ  тох кæныны бæсты,   хъуамæ  сæ  фервæзын кæнæм  амынæтæй.  Уыдон æцæгæй дæр сты   амынæты.  Æцæгдæр рахатыдтæн уый,  цæмæй  цæттæ не сты,   йæ  цæстытæм ныккæсой  уыцы  адæймагæн,  кæй  ныхмæ дæр схъæлæс кодтой  æмæ  цæмæн? –уый тыххæй æмæ  сæ фылдæр схъæлæс кæнын   нæ фæндыд. Мæ  бон у  бæлвырдæй  зæгъын,  уыдон схъæлæс кодтой сæрмагонд фæнды ныхмæ.  Ацы бæстæйы  æнамонддзинад  уый у.  Ноджы мæ иу  хатт бауырныдта,  цæмæй  фервæзын кæнын хъæуы. Политикъон  классы, ацы  цауы  мæ  хъуыдйы  дарын   хицаугæнæг  балы,  сæрмагондæй  хъæуы  фервæзын кæнын.  Алчи иумæ хъуамæ  слæууæм æмæ амынæтæй  суæгъд кæнæм  ацы  адæймæгты.  Нæуырнинаг уыд,  цал хатты  дæр раздæхтæн  фæстæмæ, уал хатты  мын мæ  цæстытæм æрбакæсын нæ баууæндыдысты, æмæ мæ  мæхæдæг фефсæрмы дæн фæстæмæ  акæсынæй, иугæндзонæй  архайдтон  рæстæг  куыддæр  арвитын æмæ ма  телефонмæ ныккастæн.  Уæззау атмосферæ  уыдис,  сæхæдæг дæр бамбæрстой  алцыппæт» –   рахйхъусын кодта Ника Мелиа.

Фарстыл  цæмæй   зæгъгæ кæм банхъæлмæ  кæсдзæн   тæрхондоны  тæрхоныскъуыдмæ, Ника Мелиа дзуапп ратта, цæмæй   парламенты цур æмбырдæй   сты  йæ  фарсхæцджытæ  æмæ  уым банхъæлмæ кæсдзæн зæгъгæ.

«Бацæудзынæн   мæ куыстуатмæ,   стæй  вæццæгæн  ахиздзынæн дуармæ, фарсхæцджытæ сты æмбырдæй  æмæ   уыдонимæ иумæ  уыдзынæн.   Бидзина Иванишвили  ныр  стыр саст байæфта.  СТæмты  вæййы  вæццæгæн царды мидæг,   цæвиттон дын дæхи бауынгæг  кодтой, æцæгæй  та  сæхицæн  сарызтой  фыддæр.  Никуы ахъуыды кодтаин,  цæмиæй  гæнæн уыд  мæ цæрæн бонты  афтæ  сæрыстыр  æм хъалæй  рахатыдаин мæхи» – райхъусын кодта  Ника Мелиа.

Фарстыл зæгъгæ куыд æнхъæл у  цас рæстæджы дæргъы баддзæн ахæстоны, Ника Мелиа загъта:

«Зонын  цæмæй  бацæудзынæн  Иванишвилийы  ахæстонмæ  æмæ бæлвырдæй  мæ бон зæгъын у,  рацæудзынæн сæрибар Гуырдзыстонмæ. Коллегæтæ  æндæр   æмæ æндæр  оппозицион партитæй,  цæрджыты сæрæн хай адарддæр кæндзысты  тох кæнын  сæрибарæн» –  райхъусын кодта  Ника Мелиа.

Гуырдызстоны парламент  сразы ис, цæмæй  прокуратурæ   тæрхондонмæ  Ника Мелиайы   ахсты  куырдиатæй   басида.  Уый  бæрæг ссис парламенты пленарон  рабадтыл.