Молдовæйы  парламент   премьер-министр  Ион Кикуйы  хицауад сфидар кодта
Молдовæйы парламент премьер-министр Ион Кикуйы хицауад сфидар кодта

Молдовæйы  парламент   премьер-министр  Ион Кикуйы  хицауад сфидар кодта.   Информацийы  хъусын кæны бынæттон медиа.

Йон Кикуйы  хицауадæн йæ  фарс рахæцыд   101  депутатæй   62.  Ног Хицауады   11  министрæй,  æхсæз  куыстой   президент Игор Додоны  уынаффæгæнджытæй.

Молдовæйы  хицауад  12  ноябры  раппæрстой.  Премьер-министр Майя  Сандуйы хицауадæн æнæууæнк расидынимæ разы уыдысты   61  депутат.  Сандуйы   министрты ккабинетæн æнæууæнк расидыны  сæйраг аххосæй,   бавдыстæуыд  закъон, кæцымæ гæсгæ  дæр   премьер-министр   сæйраг прокурроры  кандидаты  иунæгæй  сывзарын бауыдаит йæ  бон.