МХМ уæлрадон уавæры  режимы халыны  706 факт рабæрæг кодта
МХМ уæлрадон уавæры режимы халыны 706 факт рабæрæг кодта

 

Барадхъахъхъæнджытæ  мониторингы   фæстиуæгæн  фæстаг  24  сахаты мидæг,  æппæт бæстæйы масштабæй  уæлрадон уавæры  режимы  æмæ а.х.   коменданты сахаты  арæнвæрдтæ  састы  706  ног факт рабæрæг кодтой.

МХМ-ы пресс-куысты   информацийæ,   уагдоны   кусджытæ,  фыццаг апрелы  21:00 сахатæй   2   апрелы  сæумæрайсомы  -6:00  сахаты онг,  а.х.  коменданты  сахаты  халыны  фактыл  æппæт бæстæйы  масштабæй   204   æмбæстагы фæивар кодтой.

Уымæй  уæлдай ма, МХМ-ы   хъусинагæй,   пъæлицæй  æхсæнадон  тыгъдады   æртæйæ  фылдæр  гоймагы  æмбырды  æмæ  дыууæ метры  бæрц  дистани кæй  нæ хъахъхъæдтой  уый тыххæй  75 æмбæстагы  фæивар  кодта.

Иу  физикъон гоймаг æмæ иу юридикъон уæнг  фæивар сты  экономикон   куыстимæ баст арæнæвæрдтæ халыны тыххæй.

Уагдоны хъусинагæй,   барадхъахъхъæнджытæ   бæлццæтты ласыны æмæ   автомобилæй  змæлды  фæтк састы  фактыл фæивар кодтой  415  уæнгы.

«Ноджы уын иу  хатт  бакой  кæндзыстæм, цæмæй  уæлрадон уавæры режимы  халын, расайы   администрацион   бæрнæвæрд – физикъон уæнгæн ивар  3 000 ларийы бæрцæй, æрмæст юридикъон уæнгæн -15 000  ларийæ» –  банысангонд у  МХМы  информацийы.