Мирза Субелиани - Гуырдзыстоны дæн, никæдæм ацыдтæн æмæ мæ бинонты дæр никæдæм аластон, æмкуыстдзинадмæ цæттæ дæн

Æз  Гуырдзыстоны дæн,   никæдæм ацыдтæн  æмæ  мæ бинонты  дæр никæдæм аластон,  æмкуыстдзинадмæ  цæттæ  дæн  –  уый тыххæй  Фывццаг Къаналæн  фехъусын кодта  прокуратурæйы раздры кусæг  æмæ  Хоравайы  уынгыл æрцæугæ  марындзинады  хъуыддаджы иуæй-иу æвдисæны фыд  Мирза Субелиани.

Мирза  Субелианийы  ныхæстæм гæсгæ,   уый  цæттæ  у  алы фарстæн  ратта  дзуапп.

«МХМ-ы  уыдтæн æрфарстыл.  Уый тыххæй   мын нæй  бар   фæдæвзарæны детæлтты   тыххæй   ныхас кæнын фæлæ  фæдæвзарæн дарддæр кæны.  Цыдæриддæр та   мæн тыххæй  фарстытæм æххæссы,   цæттæ дæн цыфæнды фарстæн  дзуапп раттын,  фæнды  парламентон  камисы  форматы,  фæнды  фæдæвзарæг камисы  кæнæ   æндæр цыфæнды формат дæр уæт» – райхъусын  кодта Субелиани.

Хоравайы  уынгыл  мард  иуæй-иу æнахъомы фыды  –  Заза Саралидзейы,  бæлвырдгæнæнты фæмæнг  кæныны  тыххæй  зылынгæнæнты  дзуаппæн та, Субелиани  ницы  дзуры, рмæст банысан кодта,  цæмæй  уый зæгъгæ  у фæдæвзарæны прерогативæ.