Украинæйы мидхъуыддæгты министры уынаффæгæнæджы фидиуæнæй, цух нæу уый цæмæй, Михеил Саакашвилийæн аххосаг бавдыстæуа цалдæр статийæ. Уый фæдыл фидиуæны Зорян Шкиряк сарызта телекомпани 112-ы эфиры.
«Гæнæн ис æмæ ай фæстаг стати ма уа, кæцыйы дæр йын бавдисдзысты. Уый у генералон прокуратурæйы компетенци. Æз куыд æмбарын афтæмæй, дзырдæуы Украинæйы раздæры президенты Януковичы æмæ йæ раздæры æмтохгæнæджы олигарх Курченкойы фыдгæнæгон архæйдтытыл, кæцытæ Украинæйы хицауады фæфæлдæхты нысанæй сусæгвæнд кæнынц» – расидтис Шкиряк.
Одессæйы бæстæйы раздæры губернаторы абон сæумæрайсмом, Киевы æрцахстой. Украинæйы æдасдзинады куысты официалон веб-фарсыл публикацигонд фидиуæнмæ гæсгæ, Саакашвилимæ æртъхъирæн кæны 3-йæ 5 азы онг ахстæй æфхæрд.
Æввахс рæстæджы, ацы хуыддаджы фæдыл комментарий хъуамæ сараза Украинæйы генералон прокуррор Юрий Луценко.