Мамука Хазарадзе хъусын кæны, цæмæй  Бидзина Иванишвилийæн «Аэрофлоты»  билет  балхæдта
Мамука Хазарадзе хъусын кæны, цæмæй Бидзина Иванишвилийæн «Аэрофлоты» билет балхæдта

Æз абон  Бидзина Иванишвилийæн   балхæдтон  аэрофлоты   билет,  ай  у  Тбилис-Мæскуыйы   ардæмад, – уый фæдыл  Змæлд «Лелойы»  бæндурæвæрæг   Мамука Хазарадзе  райхъусын кодта.

Хазарадзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   цалдæр боны размæ   Бидзина Иванишвили  сарызта æдзæсгом  фидиуæн.

«Бидзина Иванишвили   сарызта  æдзæсгом фидиуæн гуырдзиаг адæмы æрдæм,  куы загъта, цæмæй  бюджеты  хардзыл сфинанс кæндзæн  35 евройы   аргъы билеттæ  Кутаисы аэропортæй æмæ  нæ цæрджытæн, уыцы  адæймæгтæн,  кæцыты  афтæ  тыхджын хъæуы   куыст бынат,  нормалон,  аккаг  цард  нæ бæстæйы,  арвитдзæн   æндæр бæстæмæ,  баххуыс  кæндзæн  мах, æнæуый дæр демографионæй  къаддæрæй-къаддæргæнæг  нацийæн, тынг уæззау   уавæры   уæвæг цæрджытæн   фæсарæнты куыст ссарыны  æмæ уый  аразы нæ бюджетæй,  нæ  фидтонтæй  æмæ практиконæй  дзуры нæ  цæрджытæн, цæмæй   зæгъгæ Гуырдзыстон  æнæгуырдзиæгтæй.  Абон ахицæн кодтон, æмæ Бидзина Иванишвилийæн  балхæдтон  билет. Ай у  аэрофлоты  билет, фыст у Бидзина Иванишвилийы  номыл,  ай  у Тбилис-Мæскуыйы  ардæмад. Фæнды  зæгъон йын, цæмæй  ай  нæу  35 евройы  аргъы  билет,  ай  у бизнес-къласы  билет, уымæн æмæ  ахуыр у дзæбæх цардыл,  ацы  билетæй  йæ  бон у, ныууадза  нæ бæстæ æмæ  бæстæ та уый фæстæ, æрлæудзæн  нормалон  рæзынады  фæндагыл», – райхъусын кодта Мамука Хазарадзе.