Майк Помпео – Не ‘ргомзæрдæ  æрвитæггаг  абон ахæм у,   АИШ  хъæддыхæй æнцой дары  Гуырдзыстонæн,  ацы æххуыс  у æнæцудгæ  æмæ афтæ адарддæр уыдзæн
Майк Помпео – Не ‘ргомзæрдæ æрвитæггаг абон ахæм у, АИШ хъæддыхæй æнцой дары Гуырдзыстонæн, ацы æххуыс у æнæцудгæ æмæ афтæ адарддæр уыдзæн

Америкæйы иугонд штатты  æргомзæрдæ  æрвитæггаг  абон ахæм у,   АИШ  хъæддыхæй æнцой дары  Гуырдзыстонæн,  æмæ ацы æххуыс  у æнæцудгæ  æмæ афтæ адарддæр уыдзæн  –  уый фæдыл  АИШ-ы  паддзахадон   нымæрдар, Майк  Помпео  Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Квирикашвилиимæ фембæлды  фæстæ райхъусын кодта.

АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  Гиорги Квирикашвилийæн  раарфæ  кодта  Гуырдзыстоны  Фыццаг Демокративон Республикæйы 100 азы  сæр.

«Ивгъуыд  азы  июлы  вице-президент,  Майк  Пенс  Тбилисы  куыд  райхъусын кодта афтæмæй, уæ  фарсмæ стæм,  æмæ тынг сæрыстыр стæм  ацы  хæларадæй  æмæ стратегион партнерадæй   у  адæмимæ иумæ. Тынг райгонд  дæн, абон Америкæ-Гуырдзыстоны  стратегион   партнерады  камисы  æстæм   сессийы  кæй  аразæм.  Ацы  аз   афтæдæр нысаниуæгджын у ноджыиу   æфсонæй, 2018  азы 10  азы  сæххæст уыдзæн  Уæрæсе  Гуырдзыстонмæ кæй бабырста   уыцы афонæй. Америкйæы Иугонд Штаттæ,  иунасанонæй  фауы   Урæсейы  æрдгæй   Гуырдзыстоны территориты  оккупацийы.  Уæрæсейы  тыхмион   лæбурд  Гуырдзыстонмæ  у  æхсæнадæмон   сабырады  æмæ   æдасдзинады   саст, йæ ныхмæ   цæуы    ИНО-йы   æмæ    Хельсинкийы  уынаффæтæн.   Уæрæсейы оккупацигонд  Гуырдзыстоны  территоритæ – Абхази æмæ  Хуссар Ирыстон  сты  Гуырдзыстоны æнæдихаг хæйттæ» – райхъусын кодта  Помпео.

АИШ-ы   паддзахадон    нымæрдары  фидиуæнæй,   АИШ-æ  æнцой дары  Гуырдзыстоны   тиерриторион æнæхъæндзинадæн  æхсæнадæмонæй разы  арæнты  фæлгæтты.

«Мах сидæм   Уæрæсемæ  сæххæст кæна  2008 азы  æхсты  фæурæды  фæдыл  бадзырдæй  йæхимæ цы хæстæ  райста  æмæ   акæна йæ æфсад    конфликты размæ  цы позицитыл лæууыд  уырдæм, афтæдæр  фæстæмæ асида  Гуырдызстоны регионты  Абхазийы æмæ  Хуссар Ирыстоны  хæдбардзинад  нымадмæ райсты скуыддзаг» –  райхъусын кодта Майк Помпео.

Гуырдзыстоны  прмьер-министр, Гиорги Квирикашвили  АИШ-ы   паддзахадон  департаменты    паддзахадон нымæрдар Майк Помпеоимæ  фембæлд.