Леван Ратиани -  Бæстæйы æппæт масштабæй сегасæй уæззаудæр пациент, абон æнæнизæй æздæхы хæдзармæ
Леван Ратиани - Бæстæйы æппæт масштабæй сегасæй уæззаудæр пациент, абон æнæнизæй æздæхы хæдзармæ

Фыццаг Университетон клиникæйы  директор, Леван Ратиани хъусын кæны, цæмæй  зæгъгæ сылгоймаг, кæцы Гуырдзыстоны æппæт масштабæй  коронавирусæй  фæрынчынуæвджытæй  сегасæй уæззау  пациентыл нымад цыдис,   абон рандидзыд æмæ  клиникæйæ  йæ хæдзармæ ацæудзæн.

«Пациенты   уавæр  йæ æрбацыды  моментæй  уыдис иттæг  уæззау,   критикон уыд,  уыдис рæуджыты аразгæйæ  вентилляцийы  аппаратыл æбаргъæвд, тынг йын зын кодта  улæфт.  Фæнды мæ, алкæмæн зæгъын, ацы  сылгоймагы  абон рафыссдзыстæм æмæ  йæ  ауадздзыстæм хæдзармæ.  Кæнæ та  гуырдзиаг   медицинæйы  ноджы  иу  уæлахиздзинадыл мæ фæнды банымайын, цæмæй  ахæм  пациент сдзæбæх ис, бынтон ссæрибар ис  вирусæй  цыппæрдæсæм бон æмæ  йæ  клиникæйæ   афысдзыстæм.  Уый цæй зæгъын æй хъæуы  клиникæйы  медперсоналы  сгуыхтдзинад у  æмæ  мæ  фæнды уый тыххæй  сын бузныг зæгъын, чидæриддæр абон нæ  къорды  ис æмæ  уыцы  къазармон  режимæй  кусы,  кæцы   уæвæг этапыл архайы  клиникæйы» – райхъусын кодта Леван Ратиани.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  ахæм  анамнезы  цауы,  леталон фæстиуæг вæййы  97 проценты.

«Знон  æцæгдæр  амондджын уыдыстæм алчи,  ахæм пациенттæн аргълæвæрды нысанæй,  кæцымæ  гæсгæ, фæнысангонд цау  97 проценты леталон фæстиуæгæй хуъамæ фæуыдаит.Фæлæ амондæн – фервæзтис.  Æнæниздзинад Хъахъхъæнынады  Æппæтдунейон Организацийы   протоколмæ гæсгæйæ,   дыууæ  къуырийæ  ахиздзæн хæдизоляцимæ  æмæ адарддæр кæндзæн   йæ  цард,  ныры онг куыд  цардис – афтæ»- банысан кодта Леван Ратиани.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ ацы жтапыл   83  пациент ис  сæ  клиикæйы.  Уыдонæй  19 фæрынчынуæвджытæ сты,  иннæтæ та   цæстдарды бын  сты.