Хурыскæсæн Гуырдзыстоны муфтий Этибар Эминов хъусын кæны, цæмæй  Дманисы быцæугонд фарсытæ  бафидыдтой
Хурыскæсæн Гуырдзыстоны муфтий Этибар Эминов хъусын кæны, цæмæй Дманисы быцæугонд фарсытæ бафидыдтой

Хурыскæсæн Гуырдзыстоны  муфтий  Этибар  Эминов  Дманисы  æрцæугæ  быцæудзинады  фæдл райхъусын кодта, цæмæй   фарсытæ  бафидыдтой. Уый фæдыл  муфтий  хицауады æмæ  быцæу фарсыты æхсæн фембæлды фæстæ  фехъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фарсытæ   фидыдыл  сразы  сты æмæ   конфликт нал адарддæр уыдзæн.

«Уырнæг дæн нæ адæм  нæ  бауадздзæнис,  конфликты цырын кæнын, уыдон  кæддæриддæр   фидыды æмæ   сабыр  æмцарды  фарсхæцджытæ сты.  Гуырдзыстоны цæрæг  алы  этносы нысан хъуамæ уа,  нææ кæрæдзимæ нæ къухтæ раттæм  æмæ   стыхджын кæнæм нæ кæрæдзи» – райхъусын кодта  Хурыскæсæн Гуырдзыстоны муфтий Этибар Эминов.

Дманисы, иуæй-иу дуканийы цур быцæудзинад знон æрцыд. Инциденты рæстæджы дуканийы хицауы фæнадтой. Скуынæг ис  дуканийы  инфраструктурæ. Иуæй-иу   бынæттон   рауагъдад   знон ахæлиу кодта инциденты  æвдисæг видео-кадртæ, кæцы  дуканийы  цур монтажгонд цæстдарæн камерæ  сфиксир кодта.  Æнæхъæн æхсæвы дæргъы  Дманисы  пъæлицæйы  хайады цыдис æрфарст.  Дманисы  фæзындты тыххæй  цалдæр адæймаг сты  ахст.

Уыимæ  иумæ   Дманисы  абон сæумæрасомæй   уавæр  фæкарз ис.   Бынæттонты æхсæн  быцæудзинад  цалдæр хатт æрцыд.  Уавæры  æрсабыр кæнын   архайдтой барадхъахъхъæнджытæ.

Бынатыл  абон нуыдысты   Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты  министр Вахтанг Гомелаури,  паддзахадон æдасдзинады  куысты къухдариуæггæнæг   Григол Лилуашвили æмæ  парламенты  хæдуынаффæйы комитеты  сæрдар  Созар Субари  æмæ  парламенты уæнг Гоги Мешвелиани.