Хасан Роухани – АИШ-ы санкцитæм æнæкæсгæ, Иран адарддæр кæндзæн нефт уæй кæнын
Хасан Роухани – АИШ-ы  санкцитæм æнæкæсгæ, Иран адарддæр кæндзæн нефт уæй кæнын

АИШ-ы  санкцитæм æнæкæсгæ, Иран йæ  нефты уæй кæнын адарддæр кæндзæн.

Агентадр Reuters-ы  хъусинагæй,   уый фæдыл  Ираны  президент Хасан Роухани  райхъусын кодта.

«Америкæйы фæндыд, цæмæй  ирайнаг  нефты  уæй нулмæ  æрхызтаит,  фæлæ мах   адарддæр кæндзыстæм  нæ  нефт уæй кæнын, цæмæй  ацы  санкцитæ  атонæм» райхъусын кодта РОухани.

АИШ-ы  ног санкцитæ Ираны  ныхмæ  абонæй   скуыстой.  Ног арæнæвæрдтæ  здæхт сты фылдæр,  ИРаны  нефты æмæ  банкъон секторы  ныхмæ.