Эстонийы хицауад - Дæс азы размæ Уæрæсе гуырымыхъхъ фехæлдта Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад
Дæс азы размæ Уæрæсе гуырымыхъхъ фехæлдта Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад – уый фæдыл дзырдæуы фидиуæны, кæцы ппубликацигонд æрцыд Эстонийы хицауады официалон веб-фарсыл Twitter-ы.
«Абоны онг дарддæр кæны Гуырдзыстоны территориты Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны оккупаци. Мах хъуамæ баиргъæвæм æхсæнадмон барад æмæ Уæрæсейæн бакой кæнæм уыцы хæстыл тыххæй, кæцыты æнæмæнгæй хъуамæ сæххæст кодтаит æхсты фæурæды бадзырдмæ куыд æмбæлы афтæ» – дзырдæуы Эстонийы хицауады фидиуæны.
Фидиуæнимæ иумæ публикацигонд у Гуырдзыстоны картæ, кæцыйыл банысангонд сты Уæрæсейы оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвал.
Афтæдæр абон специалон фидиуæн ахæлиу кодта Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр. Свен Миксер куыд банысан кодта афтæмæй, Абхаз æмæ Цхинвалы регион сты Гуырдзыстоны æнæдихаг хæйттæ. Эстонийы ФХМ афтæдæр æрсидтис Уæрæсемæ, сæххæст кæна æхсты фæурæды фæдыл бадзырдæй лæвæрд домæнтæ æмæ акæна йæ æфсæддæ Гуырдзыстоны территоритæй.
Ацы рæстæджы Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министр райы гуырдзыстоны хицауады иницивтивæйæ, кæцы йæ хъуыдйы дары оккупацигонд регионты цуæрæг æмбæстæгты цæрæн аууæлтты фæхуыздæр кæнын.