Янош Херман – æнхъæлмæ кæсын «Скæсæн Партнерады» фидæн саммитмæ, кæцы Гуырдзыстонæн пайдаджын уыдзæн
Янош Херман – æнхъæлмæ кæсын «Скæсæн Партнерады» фидæн саммитмæ, кæцы Гуырдзыстонæн  пайдаджын уыдзæн

Гуырдзыстоны евроцæдисы  миссийы  къухдариуæггæнæг  Янош Херман æнхъæлмæ кæсы уымæ, цæмæй «Скæсæн Партнерады» саммит  Гуырдызстоны   цæрджытæн  пайдаджын уыдзæн.  Уый фæдыл Херман  ныффыста социалон хызаг «Твиттеры».

Афтæма,  Янош Херман  социалон хызагы   ахæлиу кодта  æддæ  архæйдтыты  куысты  официалон  веб-фарсыл  публикацигонд   фидиуæн саммиты  фæдыл.

«Майрæмбон 24  ноябры Брюсселы, «Скæсæн  Партнерады»  фæндзæм саммит сырæздзæн.   2099 азы  райдайгæ   программæйы нысан у,   фæарфдæр кæна  æмæ фæтыхджындæр кæна  ахастытæ  Евроцæдисы, йæ уæнг бæстæты æмæ  6   скæсæйнаг сыхагы –  Сомихыстоны, Азербайджаны, Белорусы, Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ  Украинæйы æхсæн.  Иумæйаг нысан у,  демократийы, дзæбæхдзинады, стабилондзинады  райтынг кæнын æмæ ацы бæстæты æхсæн æмкуысткæнынад  фæтынгдæр кæнын» –  дзырдæуы Евроцæдисы  æддагполитикъон уагдоны  фидиуæны.

Фидиуæнмæ гæсгæйæ, «Скæсæн Партнерады»  сырæзты  бонæй,йæ  хайадисæг   паддзахадтæ Евроцæдисæй финансон æххуысы хуызæй,  5,4 миллиард  евро (15 миллиард лари) райстой.

Евроцæдисы банымадтой,  цæмæй  Брюсселы  самит  уыдзæн   нырид цы  æнтыстытæм баххæссыдысты уыдоны бахыгъд æмæ фидæны приоритетты  сфидары фадат.

Евроцæдисы æддæ  архæйдтыты  куысты  информацийæ,   саммиты фæлгæтты сырæздзæн  концерт   кæцыйы  хайад райсдзысты  «Скæсæн партнеры» уæнг  æхсæз  бæстæйы бæрзонд æмвæзады пианисттæ  афтæдæр æвзонг музыканттæ.

Афтæдæр фидиуæны æвдыст сты уыцы фарсхæцæн архæйдтытæ,  кæцыты  Евроцæдис сæххæст кодта  Гуырдзыстонæн æххуысы нысанæй.

 

  • 2009 азы фæстæ, Евроцæдис Гуырдзыстонæн баххуыс кодта 2,1  миллиард ларийæ (711  милуан  евро) 63 мин гуырдзиаг  амалиуæгдары  сфинанс кæныны, трейнингты æмæ экспорты фархæцынæн, цæмæй  сын баххуыс кодтаит    конкурентхъом бауыны хъуыддаджы.
  • Фæстаг дыууæ азы  дæргъы Гуырдзыстонæй  1700-æй фылдæр студент  æмæ академик  сахуыр сты  кæнæ ахуыр кодтой  Евроцæдисы  «Erasmus»-ы  программæйы фæлгæтты;
  • Гуырдзыстон инфраструктурæйы, транспорты  тынгады æмæ æрдзы  хъахъхъæды  тыххæй æндæр æмæ æндæр   грантытæ райста, дæнцæн, Евроцæдисы  финансдзинады руаджы, Гуырдзыстоны  уынгты 143  ног  уæларвгъуыз экологионæй сыгъдæг автобус разынд.