Яцек Чапутович – Уæрæсемæ сидæм фæстæмæ ахæсса Абхаз æмæ Цхинвалы регионы банымад æмæ акæна йæ æфсад ацы территоритæй
Уæрæсемæ сидæм фæстæмæ ахæсса, Абхаз æмæ Цхинвалы регионы банымад, æнæхъæнæй сæххæст кæна 2008 азы 12 августы æхсты фæурæды фæдыл бадзырд æмæ ракæна йæ æфсад ацы территорийæ , – уый фæдыл Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Яцек Чапутович райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнгхъæуæг у Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы адарддæр уа тыхархайд, цæмæй конфликты сабырадонæй аскуыддзаг уа.
«Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, мæт кæнæм гуманитарон уавæр кæй фæфыддæр, уый тыххæй, кæцы сырæзт оккупацигонд территоритыл æмæ уый тыххæй дæр йæ фарс хæцæм Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй тыхбын бынативгæ уæнгты æмæ резолюцитæн, кæцы ист æрцыд оккупацигонд территоритæм гæсгæ.
Йæ фарс хæцæм Гуырдызстоны хицауады сабырадон инициативæйæн «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм».
Фæнды мæ афтæдæр раппæлон уæ ахæм фидар фæнд æм фæндагæй, фидæнмæ Евроцæдис æмæ НАТО-йы æрдæм. Мах фæстæмæ йæ фарс хæцæм куыд хъахъъæнынады секторы реформæтæн, афтæ Гуырдызстоны æнæцудгæ æндæн, цæмæй йæм Европаг райтынгы фæндагыл уа æнтыст.
Ноджы иу хатт хахх кæнын уыцы æнцойад, кæцыйы уын нæ бæстæ сиды проевропæйаг къурсы æрдæм. Гуырдзыстон æнæдаууаг лидер у регионы æмæ райгонд стæм, цæмæй фæстаг саммитыл банысан сты Гуырдзыстоны европаг тырнынадтæ», – райхъусын кодта Яцек Чапутович.