Ираклий Къобахидзе - састимæ бафидауынæн дæр  хъæуы  лæгдзинад,  фæлæ  конкретон   оппозиционер депутаттæм абон, ацы лæгдзинад нæ уыд
Ираклий Къобахидзе - састимæ бафидауынæн дæр хъæуы лæгдзинад, фæлæ конкретон оппозиционер депутаттæм абон, ацы лæгдзинад нæ уыд

Парламенты   оппозиционер  депутатты æрдгæй  абон сæххæст    уæззау  провокаци,  кæцы  парламентон цардмæ не æмбæлы –  ахæм аргъ скодта  Гуырдзыстоны парламенты сæрдар  Ираклий Къобахидзе   парламенты  æрцæугæ инцидентæн,  кæцы рæстæджы дæр «Националон Змæлдимæ» хицауады фембæлдыл, Ника Мелиайы   дзырдæй ралæуд расидтис быцæудзинад.

Ираклий Къобахидзейы   ныхæстæм гæсгæ,   састимæ бафидауынæн дæр  хъæуы  лæгдзинад,  фæлæ зæгъгæ  конкретон   оппозиционер депутаттæм абон, ацы лæгдзинад нæ уыд.

«Ахæм архæйдтытæй нæ бæстæйы  парламентон  æмæ  политикъон культурæ размæ нæ цæудзæн,  æмæ уый тыххæй дæр  ахæм провокацитыл хъуамæ уа æмбæлон реакций.

Æвзæрстыты  размæ, æвзæрстгæнджыты раз ралæууыдыстæм конкретон ныфсæвæрдтæй,  уый нымæцы уыд  политикъон   ныфсæвæрдтæ, æмæ  иуæй-иу сæйраг уыд уый, цæмæй мах   тынг  дырысæй  загътам –  æвзæрстыты фæстæ «Националон Змæлд»   нал уыдаит  рискъфактор   гуырдзиаг демократийæн æмæ  мах ацы ныфсæвæрд  премьер Гиорги Къвирикашвилийы къухдариуæгæй кæронмæ сæххæст кодтам, кæцы у иттæг нысаниуæгджын гуырдзиаг демократийы   фæдылдзог   рапарахатæн.

Састимæ бафидауынæн   дæр хъæуы  лæгдзинад фæлæ  ацы лæгдзинад   конкретон   коллегæ  депутаттæ  оппозицийæ,   хъгагæн,  равдисын  хъом не сты,  фæлæ махæн сæйраг у,   адарддæр кæнæм цыд   нæ æвæцрццаг   боны фæткъмæ гæсгæйæ,  позитивон  боны фæткъымæ гæсгæ,   кæцы нын ис  фылдæры хайæн, фæткъдар  балæн Гуырдзыстоны хицауадæн  æмæ  абон растдæр ацы фарсты  хъуамæ уæм концентриргонд  æмæ  лæмбынæг кæсæм  уыцы документ,  кæцы у  бавдыст хицауады æрдгæй.

Хицауады ацы скондимæ иумæ ноджы  иу хатт хъуамæ æртæрхон кæнæм  уыцы плæнтты фæдыл,  кæцытæ фæткъдар  балмæ ис,  ноджы  иу хатт дзурын бузныгпремьерæн æмæ  хицауады ацы скондæн, кæй æрбацыдысты уый тыххæй» –  райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

Хицауады  абоны фембæлдыл, «Националон Змæлдимæ»    парламенты, Ника Мелиайы  раныхс расидтис быцæудзырд.

Мелиа  премьеры  схуыдта  ницæйагæй.

«Уымæй дæр нæ худианг кæнут, æмæ  сымахæй æртыккаг адæймагы  Иванишвили ныридæгæн сывзæрста  уæ ивæгæй,  æмæ  цæвиттон премьер-министр стут  ерын ам.  Никуы уæ фарстой,   нæдæр уæ ерын фæрсынц,  æмæ нæдæр фидæны фæрсдзысты уæ хъуыды» –  загъта Ника Мелиа   премьер-министр Гиорги Къвирикашвилийн.

Премьер йын дзуапп ратта,  ма бафхæрдтаит  йæ   ралæудæй  æмбæстæгтæты  кæцытæ  фембæлдмæ кæастысты.

«Никанор, ноджы  иу  хатт дзурын,  ма æфхæрут  цæрджыты.  Æз  нæдæр мæхицæн  æмæ нæдæр  искæмæн ратдзынæн уый бар, афтæ  дара йæхи ерын сымах куыд кæнут афтæ.  Худинаг у,   хурхæймарæг хицауады  минæвар адæймаг,  кæцы йæхæдæг  дæр   уыдис  баст  тугтæрхоны  барады фыдракæнды,  æрбацæуа мæм  æмæ  ам  ныхас кæна.  Хуыдинаг æмæ мæлæт у уый. Хуыцауæн бузныг  æмæ сымах абон     парламенты стут æрмæстдæр æртæйæ» –   дзуапп ратта  Къвирикашвили.

Хицауады  залы  протесты  нысанæй ныууагъдта.   Уæдмæ та  быцæудзинад сцыры ис  æмæ  Ника  Мелиайы  премьер  æнæцензурон  ныхæстæй фелгъыста.

Фæстæдæр Гуырдзыстоны  премьер-министр  æрцæугæ  инциденты  тыххæй, дзыллæйæ   хатыр ракуырдта. Премьер фракци «Патриотты Альянсимæ» фембæлды размæ куыд банысан кодта афтæмæй,   хъыгагæн «Националон Змæлды»  иуæй-иу  минæвæрттæн, зæгъгæ бантыстис  йæ  смæсты кæнын.