Ираклий Къобахидзе =- Парламентмæ ис амбицион плæнттæ
Ираклий Къобахидзе =- Парламентмæ ис амбицион плæнттæ

Иттæг нысаниуæгджын у  комитетты   куысты рагафонæй  сплан кæнын,  раст цæстæнгас æрфидар кæнын,  дырыс  архайадон планы  уæвын,  æмбæлон  архæйдтытæ æмæ   уый æппæты бындурыл, хыгъдæлæвæрды    периодонæй  бавдисын  дзыллæйæн –  уый фæдыл Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар  Ираклий Къобахидзе абон,  юридикъон фарстыты  комитеты  куысты  иу афæдзы   хыгъдлæвæрды презиентацийыл  райхъусын кодта.

Ираклий Къобахидзе куыд банысан кодта, афтæмæй,  ис практикæ,   кæцы   бындурæвæрд у  юридикъон фарстыты комитеты,  æнæмæнгæй   хъуамæ ахæлиу уа   парламенты  æндæр  хайадтыл æмæ ацы процесс  парламенты æрдгæй  ссардзæн   æнцой.

Гуырдзыстоны парламенты сæрдры  аргълæвæрдæй,   азты дæргъы   бæстæйы  ставддæр     закъондæттæг  орган    закъонсфæлдыстадон  æмæ  цæстдаргæон   функциты æрдæм  бæрæг  æдыхдзинадæй  хицæн кодта.

Ираклий Къобахидзе расидтис цæмæй   Гуырдзыстоны   парламентмæ  ис  амбицион плæнттæ  æмæ ацы  дыууæ æлхынцъон   функцийы  фæтынг кæныны æрдæм бирæ  цыдæр хъуамæ  сырæза.

Ираклий Къобахидзе  хаххгондæй  банысан кодта  æххæстгæнæг  хицауады æмæ   æндæр   конституцион   органтимæ  æмгуыстады  нысаниуæг  æмæ йæ хъусдард раздæхта  адæмон  хъахъхъæнæгимæ  æмкуысткæнынады æрдæм.   Йæ ныхæстæм гæсгæ,   сæрмагондæй  нысаниуæгджын у,   æмбæстагон  секторы   активон бастдзинад   парламенты  куысты.   Парламенты сæрдары  аргълæвæрдæй,   ацы æрдгæй  юридикъон  фарстыты  комитеты   иттæг  хорз практикæ у бындурæвæрд.