Ираклий Къобахидзе – оккупант бæстæйы  минæвар бадтис  Гуырдзыстоны парламенты сæрдары  бынатыл, уый фенын  уыдис  тынг  уæззау
Ираклий Къобахидзе – оккупант бæстæйы минæвар бадтис Гуырдзыстоны парламенты сæрдары бынатыл, уый фенын уыдис тынг уæззау

Алкæмæн  зын  уыдис уымæ кæсын, мах  алчи цы  федтам  парламенты рабадтыты залы, –  уый  фæдыл  Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар  Ираклий Къобахидзе  загъта  гуырдзиаг журналисттæн Бакуйы, цы ран  визитæй  уæвы.

«Уæрæсе у  бæстæ, кæцы оккупаци скодта нæ территориты 20  процент  æмæ ацы бæстæйы официалон минæвар  парламенты  уæнг, бадтис  сæрдары  бандоныл, кæцымæ кæсын  уыдис  тынг зын.  Хъыгагæн  нæ мын уыд  уайтагъд реагир кæныны   фадат Гуырдзыстоны  кæй  нæ  дæн,   уый тыххæй, фехъусын мын кодтой  ацы факты тыххæй  æмæ куыддæр базыдтон, афтæмæй  æркуырдтон  сессийы  аскъуынын æмæ ахæм формæйæ  сесси адарддæр кæнын  ма руадзын.

Ноджы иу хатт мæ фæнды  зæгъын, цæмæй  Уæрæсе  уыцы бæстæ у,   кæцы оккупаци скодта нæ бæстæйы территоритæ. Ацы æрдæм мах  хъусдард раздахтам знон дæр, хайад куы истон сессийы  байгомы  æмæ  уыцы  архæйдтытæ  кæцытæ рацæуынц  Уæрæсейы  æрдгæй, ницы  иумæйаг ис нæдæр   чырыстон динимæ  æмæ  рæстдинонимæ  æмæ парламенты рабадтыты  залы  цы  федтам, уый та  уыдис  бынтон æнæруадзгæ», –  райхъусын кодта Къобахидзе.