Ираклий Къобахидзе - Дыууæ сывæллоны куы амардтой æмæ иуы цауы рахастой кæронмæ сæххæст фыдракæндыл тæрхоныскуыд æмæ иннæ цауы та – архайды тыххæй, уæд бæрæг у цæмæй хъуыддаг кæронмæ бакæнын хъæуы
Ираклий Къобахидзе  - Дыууæ  сывæллоны  куы амардтой æмæ   иуы  цауы рахастой  кæронмæ сæххæст фыдракæндыл    тæрхоныскуыд   æмæ иннæ  цауы та – архайды тыххæй, уæд бæрæг  у  цæмæй  хъуыддаг кæронмæ  бакæнын хъæуы

Ныфс мæ ис, цæмæй   æмткæй райсгæйæ,  расттæрхоны   системæйы   æрлæудзæн  рæстаг  скуыддзаг  иттæг  нысаниуæгджын  ъхуыддагыл,  кæцы æххæссы  тынг уæззау фыдракæндмæ , æнахъом  сывæллæтты   марындзинадмæ –   уый фæдыл   Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар   Ираклий   Къобахидзе   бюройы рабадтыл загъта.

Ираклий Къобахидзе  куыд  банысан кодта  афтæмæй,  ацы  хъуыддагыл зæгъгæ, прокуратурæ  хъавы   аппеляцион  æмвæзадыл  бахъаст кæнын.

«Хъуыддаг æххæссы  æнахъом  сывæллæтты марындзинадмæ.  Байхъуыстам  тæрхоныскуыдмæ   ацы  хъуыддаджы тыххæй,  байхъусытам прокуратурæйы позицимæ,  кæцы  хъусын кæны, цæмæй  тæрхондон  зæгъгæ  йæ  зæрдыл нæ  бадартта  прокуратурæйы бæлвырдгæнæнтæ. .  Уымæ æмбæлгæйæ дæр, прокуратурæ  хъавы  аппеляцион æмвæзадыл   бахъаст кæна, æмæ  мæн фæнды   стыр ныфс  равдисон, цæмæй  фæстагмæ   расттæрхоны  иситемæйы   æрлуудзæн  рæстаг тæрхоныскуыд рахаст, ацы  иттæг нысаниуæгджын  хъуыддагыл, кæцы æххæссы  тынг уæззау  фыдракæндмæ – æнахъом сывæллæтты марындзинадмæ.  Дыууæ  сывæллоны  куы амардтой æмæ   иуы  цауы рахастой  кæронмæ сæххæст фыдракæндыл    тæрхоныскуыд   æмæ иннæ  цауы та – архайды тыххæй, уæд бæрæг  у  цæмæй  хъуыддаг кæронмæ  бакæнын хъæуы.  Ардгæй рацæугæйæ,  сыммахæй  хъауджыйæ, мах  априори  иунæг  фарсæн дæр нæ хæцæм йæ фарс æмæ сын нæ бæлвырд кæнæм æууæнк.  Дзурæм,   цæмæй  ацы  фарст  кæронмæ  хъуамæ   равзарой  æмæ   фæстагмæ  хъуамæ  æрцæуа  хаст   рæстаг тæрхоныскуыд.  Ай  у нæ позици  æмæ уый  тыххæй  дæр нæу раст   априори искæцы иунæг  фарсæн уа æууæнк  æмæ  иннæмæн  та  æнæууæнк расидын.  Мах хъуамæ  равзарæм, реалонæй  цы æрцыд  уый» – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.