Ираклий Къобахидзе - Бауырнæт уæ, дæсæм æрсидты парламенты æнæмæнгæй  уыдзæн   оппозицион партитæ
Ираклий Къобахидзе - Бауырнæт уæ, дæсæм æрсидты парламенты æнæмæнгæй уыдзæн оппозицион партитæ

Бауырнæт уæ, дæсæм æрсидты парламенты æнæмæнгæй  уыдзæн   оппозицион партитæ,  чи уыдзæн, банхъæлмæ кæсæм  æмæ фендзыстæм –  райхъусын кодта парти «Гуырдзиаг Бæллицц-Демократон Гуырдзыстоны» æххæстгæнæг  нымæрдар, Ираклий Къобахидзе.

Ираклий Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй,   оппозицион партиты  аскуыддзаг кæнинаг  у, фыццаг рабадты райсдзысты хайад æви нæ.  Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ   фарастæм æрсидты парламенты оппозици  перманентонæй  бойкоты режитмы уыд.

«Ахуыр стæм  оппозицийы æрдгæй бойкотыл. Фыццаг рабадты чи райсдзæн хайад æмæ чи не  сразы уыдзæн,  уый зæгъын мæ бон нæу, фæлæ уæ бауырнæт, лæсæм æрсидты парламенты  оппозицион партитæ  уыдзæн. Чи сæ бахиздзæн парламентмæ –  банхъæлмæ кæсæм æмæ фендзыстæм» – райхуъсын кодта Ираклий Къобахидзе.

Дæсæм æрсидты  парламенты фыццаг рабадт сом  ацæудзæн.  Оппозици  парламентон мандаттыл нæзагъд кæны, уымæн æмæ нымайы, цæмæй  31 октябры  æвзæрстыты фæстиуджытæ хицауад фæмæнг кодта.