Гуырдзыстоны хицауады æмæ Гаагæйы  тæрхондоны æхсæн къухæвæрд æрцд бадзырд æфхæрд æххæсткæнынады фæдыл
Гуырдзыстоны хицауады æмæ Гаагæйы тæрхондоны æхсæн къухæвæрд æрцд бадзырд æфхæрд æххæсткæнынады фæдыл

Гуырдзыстоны юстицийы  министр  æнтыстджынæй ауагъта бадзырдтæ  Гаагæйы æхсæнадæмон  уголовон   тæрхондонимæ,  кæцытæ   ррайдыдтой  2015  азы.  Уый фæдыл  информацийы  хæлиу кæны Гуырдзыстоны юстицийы  министрад.

Уагдоны   информацийæ,   Гуырдзыстоны  хицауады æмæ  Æхсæнадæмон уголовон тæрхондонимæ  къухæвæрд æрцыд   бадзырд  æфхæрд æххæсткæнынады фæдыл.  Тея Цъулукиани  æмæ  Æхсæнадæмон  уголовон  тæрхондоны  сæрдары  хæдивæг Роберт Фремер   къух бафыстой Гуырдзыстоны хицауады æмæ  Æхсæнадæмон   уголовон тæрхондонимæ «Æфхæрд æххæсткæнынады фæдыл  Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны æрдгæй».

Бадзырд  кæцы  абон æрцыд  къухбафыст  æнцойæвæрд у  а.х. дывæрон бадзырды  системæйыл:  фыццаг этапыл  паддзахад  хъусын кæны  иумæйаг  бадзырды фæдыл, хайад райса Гаагайы  тæрхондон цы   уæнгты  стæрхон  кодта уыдоны æфхæрд æххæсткæнынады, иннæ  этапыл та  хицауад  йæхимæ уадзы  бар, алы конкретон   цауы  йæхæдæг  аскуыддзаг кæна æфххæрд  æххæст кæнынын нысанæй  цас нысанæмраст  уыдзæн  сæрмагонд территорийыл  тæрхонмæ лæвæрды  райст кæнæ   та   фæнысангонд процессы  æххуысыл нæзагъд ракæнын.

Ахæм  бадзырдтæ  Гаагæйы тæрхондон  бафидар кодта  ахæм европæйаг паддзахадтимæ, цахæм дæр сты: Австри, Бельги, Даний, Финлянди, Норвеги, Сербий, Швеци, Словени, Стыр Британи æмæ Цæгат Ирланди»- хъусын кæны  юстицийы  министрад.