Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл, сомихаг æмæ азербайджайнаг скъолаты ахуыргæнинæгтæн, онлайн-олимпиадæ райдайдзæн
Абонæй Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл, сомиха æмæ азербайджайнаг скъолаты ахуыргæнинæгтæн, онлайн-олимпиадæ райдайдзæн. Олимпиадæйы хайад райсын сæ бон у æнæгуырдзиагæвзагон скъолаты 7-æм классты ахуырдзаутæн. Хайад райсыны фæндон равдыстой 200-йы онг скъоладзау, кæцытæй равзæрстой цалдæр куырдиаты. Проекты нысан у гуырдзиаг æвзаджы популяризаци уыцы регионы, цы ран не æмбæстаг этникон къаддæрæдрты минæвæрттæ цæрынц.
Проекты иуæй-иу хай у Гуырдзыстоны регионты æнæгуырдзиагæвзагон скъолатæн гуырдзиаг æвзаджы, онлайн-олимпиадæ ауадзын. Ацы аз прокект æххæст цæуы АИШ-ы минæварады æххуысæй. Онлайн-олимпиадæйы алы хайадисæгмæ лæвæрд æрцæудзæн сертификат хайадрайсты фæдыл. Æрмæст æртæ уæлахиздзауы схорзæхджын кæндзысты призтæй. Афтæма, схорзæхджын кæндзысты уæлахиздзау ахуырдзауты гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы педагогты.
Проекты фейсбук-фарсыл – „ჩვენი ქართული ენა“ (нæ гуырдзиаг æвзаг) – рæстæгæй-рæстæгмæ цæудзысты викторинæтæ. Бавдыст фарстыл раст дзуаппы цауы, æнæгуырдзиагæвзагон скъолаты ахуырдзаутæм лæвæрд æрцæудзæн призтæ. Плангонд у афтæдæр сæрибар темæ ныффыссын и сæргондæй «Нæ гуырдзиаг æвзаг».
Афтæма, Гуырдзыстоны Фыццаг Канал – Ахуырад-ы эфиры, «телескъолайы» азербайджайнагæвзагон æмæ сомихагæвзагон скъолаты ахуыргæнинæгтæн, гуырдзиаг æвзаджы уроктæ нырид цалдæр къуыри у цы цæуынц.