Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграцийы комисы рабадтыл Евроцæдисы интеграцийы фæндагон картайы концепци сбæлвырд ис
Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграцийы комисы рабадтыл Евроцæдисы интеграцийы фæндагон картайы концепци сбæлвырд ис

Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграцийы комисы рабадтыл Евроцæдисы интеграцийы фæндагон картайы концепци сбæлвырд ис

 

Мах цæттæ стæм, фылдæр саразæм,  уымæй цы Евроцæдисимæ аасоцирдзинады бардзырд куры, цæмæй фидæны дæр адаргъ кæнæм æнтыстджын цыд Европайы æрдæм. Райстам æскъуыддзаг бакусæм Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагон картæ, кæцыйы Евроинтеграцийы æрдæм плангонд къахдзæфтæ сты фиксргонд – уый фæдыл премьер-министр Гиоргий Къвирикашвили Гуырдызстоны Евроцæдисмæ интеграцийы комисы 57-æм рабадтыл раисдтис.

Премьеры ныхасмæ гæсгæ, фæндагон картæ къух сараздзæн Гуырдызстонæн ноджы фылдæр политикон æрбаввахс æмæ сектрон интеграцийæн Евроцæдисмæ.

«Банысанкæнинаг у, цæмæй Гуырдызстон Евроцæдисы партнерты æрдыгæй цæуы каст, куыд лидер бæстæ реализгонд реформæты къуымæй æмæ мæ фæнды комисы алы уæнгæн раарфæ кæнон ацы æнтыстдзинад. Мах æцæгæй дæр райгонд стæм уымæй æмæ Гуырдзыстон у лидер реализгнод реформæты къуымæй» – расидтис премьер-министр.

Премьер уыцы бæрæгбонон мадзалы фæдыл дæр рахъæлæба ис, кæцы Гуырдызстоны Европайы бонты фæдыл сырæзт.

«5-æм майы Гуырдызстоны райдыдта Европайы бонты нысан. Бæрæгбонон мадзæлттæ, куыд Тбилисы, афтæ дæр регионты цалдæр боны дæргъы адаргъ уыдзысты. Евроцæдис абон æнæхъæн дунейы сабырад, иудзинад, æнтыстджындзинад æмæ размæцыдимæ ассоцир кæны æмæ тынг æхсызгон у, цæмæй Гуырдызстоны Европайы бонты нысан традицийæ сиис.

Гуырдзыстоны Евроцæдисимæ интеграцийы комисы 57-æм рабадтыл афтæ дæр  байхъуыстой информацимæ 2017 æм азы ассоцирдзинады бадзырд æмæ йæ иу хайы -сæрибар базарады реализацийы фæдыл.

Рабадтыл байхъуыстой информацимæ Евроцæдисы бæстæты æнæвизон змæлды процессы фæдыл.

Премьеры аргълæвæрдмæ гæсгæ, Шенгены зонайы уæнг бæстæты æнæвизон змæлд Евроцæдисимæ интеграцийы процессы иуæй иу алкæмæй стыр æфтиаг у, кæцыйæн ауæрæх у æнæмæнг.