Гуырдзыстоны  абонæй  цыфæнды хуызы  кондадтæ  байгом  сты
Гуырдзыстоны абонæй цыфæнды хуызы кондадтæ байгом сты

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа  цалдæр бон размæ  куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæйæ,  нырид зæгъгæ, гæнæн ис,  арæнæвæрдтæ аивд, арæзтадонæй дарддæр, æндæр  сектортæм дæр баххæсса.

«Абон нæ бон у райхъусын кæнын, цæмæй  11 майæ,,  къурисæрæй  скусын  кæндзыстæм  цыфæнды хуызы  кондадтæ. Кæд ныны онг  ныхас  цыд æрмæст   арæзтаддон кондадыл, уæд  амæй фæстæмæ  арæнæвæрдтæ  аивдзыстæм алы хуызы   кондадæн», –  банысан кодта Гиорги Гахариа.

Бакой  уын кæнздыстæм,  абонæй  афтæдæр  байгом сты  сæргай æмæ  ставд базаргæнæг  дуканитæ,  кæцытæн  бацæуæн ис  уынгы æрдгæй  æмæ кæцытæ нæ базар кæнынц  дарæс  æмæ къахыдарæсæй.