Губернаторы  информацийæ,  Рачъайы  12  хъæуы æддаг дунейы  раскуыд, зиангонд сты 10 хиды, æртæ  ран хæлд у  централон магистраль
Губернаторы информацийæ, Рачъайы 12 хъæуы æддаг дунейы раскуыд, зиангонд сты 10 хиды, æртæ ран хæлд у централон магистраль

Рачъа-Лечхумы  æмæ  Дæллаг Сванеты  губернатор  Арчил Джапаридзейы  информацийæ,   зæгъгæ  Рачъайы  12 хъæу, æддаг дунейæ раскуыд.

Йæ  информацийæ,   зиангонд сты  10 хиды,  централон   магистраль  та  æртæ ран у хæлд.

«Хъæутæм  лæвæрд нæ цæуы  электроэнерги, уымæн æмæ  бæрзонд тынгады  хаххытæ сты  зиангонд. 2000-æй  фылдæр адæймаг æддаг  дунейы раскуыд, ис  дзы  туристтæ  Шовы  æмæ æндæр рæтты.  Цæуы фæрсдзæуæн фæндагы   арæзтад, ис  тынг зынвадат  рæттæ  æмæ  нæ зонæм, кæд  фæуыдзысты  куыстытæ», –  загъта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  Арчил Джапаридзе.

Афтæмæй, йæ ныхæстæм гæсгæ,  бынатыл сæумæрайсомæй  кусынц  ирвæзынгæнджыты бригадæтæ.

«Ис нын æнæаскуынгæ коммуникаци цæрджытимæ,  хъæуы æвджыд лæгтимæ.  Хæрдмæтæхæг   рацыд, боныгъæдмæ æмбæлгæйæ  архайдзыстæм æмæ максималонæй  оперативонæй  сын баххуыс кæндзыстæм.  Амондæн, цæфтæ  нæй.  Паникæ  цæрджыты æхсæн нæй.  Бахъуаджы цауы  алы хъæугæ мадзæлттæ  ауадздзыстæм.  Алы министрад æмæ æмбæлгæ  уагдæттæ хъуыддаджы баст сты», –  банысан кодта  Арчил Джапаридзе.