Финляндийы ФХМ - Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон сты Гуырдзыстоны регионтæ
Финляндийы ФХМ -  Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон сты Гуырдзыстоны  регионтæ

Финляндийы  фæсарæн хъуыддæгты министрад   публикаци скодта  фидиуæн,  Гуырдзыстоны   уæрæсейаг агрессийы   10  азы  сæрмæ гæсгæ.

«Æхсæнадæмон  барадмæ гæсгæйæ,   Абхаз æмæ Хуссар  Ирыстон сты  Гуырдзыстоны  хæйттæ.  Æхсæнадæмон  ахастытæ   æнцойæвæрд хъуамæ  цæуой  закъонтыл,  æмæ   ИНО-йы хартийы  принциптыл.  Ахсджиаг у уый  æмæ  Гуырдзыстоны уæвæг конфликттæ    аскуыддзаг уой   сабырадон фæндагæй» –  райхъусын кодта  Финляндийы  фæсарæн хъуыддæгты министр  Тимо  Сойни.

Финнаг   хицауад  хъусын кæны,  цæмæй Хельсинки  дарддæр кæны  Гуырдзыстонимæ æмгуыстад   конфликты сабырадонæй  аскуыддзаг кæнны  нысанæй,  сæрмагондæй  та,  финнаг  минæвæрттæ  сты   Евроцæдисы   мониторингы  миссийы  сконды.

«Финнаг цæстдарджытæ  сты  миссийы  сконд  йæ сæвзæрды бонæй.  Конфликт нырма нæ фæцис. Финлянди  нымайы, цæмæй   августы  къухбафыст бадзырды  домæнтæ сæххæст кæнын  у  иттæг нысаниуæгджын.  Уæрæсе æнæмæнгæй   хъуамæ ракæна йæ æфсад    Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонæй,  æхсæнадæмон  хæсистмæ куыд æмбæлы  афтæ» – хъусын кæнынц  Финляндийы  ФХМ-ы.